Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 40:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 ӕмӕ иуахӕмы дыууӕ ахӕсты, Мысыры паддзахы дзагдар ӕмӕ йӕ кӕрдзынгӕнӕг, уыцы иу ӕхсӕв федтой фынтӕ — фӕйнӕ фыны. Алкӕй фынӕн дӕр сӕ уыди йӕхи сӕрмагонд нысаниуӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 ӕмӕ иуахӕмы дыууӕ ахӕсты, Мысыры паддзахы дзагдар ӕмӕ йӕ кӕрдзынгӕнӕг, уыцы иу ӕхсӕв федтой фынтӕ — фӕйнӕ фыны. Алкӕй фынӕн дӕр сӕ уыди йӕхи сӕрмагонд нысаниуӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 40:5
18 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у».


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Мысыры паддзахы дыууӕ барджыны — хистӕр дзагдар ӕмӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕг — фӕазымджын сты сӕ хицауы, Мысыры паддзахы, раз. Фараон смӕсты ис сӕ дыууӕмӕ дӕр


Хъахъхъӕнджыты хицау сӕ Йосефыл бафӕдзӕхста, ӕмӕ сын уый лӕггад кодта. Рӕстӕг цыдис,


Райсомӕй Йосеф бацыди ахӕстытӕм, фараоны барджынтӕм, ӕмӕ сӕ уыцы тыхстхуызӕй куы баййӕфта, уӕд сӕ афарста: «Абон цӕй тар сты уӕ цӕсгӕмттӕ?»


Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».


Ӕмӕ уыцы иу ӕхсӕв федтам фынтӕ, ӕз дӕр ӕмӕ уый дӕр. Алкӕй фынӕн дӕр нӕ уыди сӕрмагонд нысаниуӕг.


Уыцы ӕхсӕв паддзахыл хуыссӕг нал хӕцыд. Ӕрвылбоны хабӕрттӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы азфыст ӕрцагуырдта ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй кастысты.


Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.


Ӕппынфӕстаг мӕ разы ӕрлӕууыд, мӕ хуыцауы номмӕ гӕсгӕ Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил. Уый хайджын у Хуыцауы Удӕй. Ӕз Даниилӕн загътон:


Бӕлас уыди диссаджы рӕсугъд, йӕ сыфтӕр — бӕзджын, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты. Ӕгас дунейы дзыллӕты ӕфсӕста, йӕ быны сырдтӕ ӕрцардысты, йӕ къалиуты ’хсӕн мӕргътӕ ахстӕттӕ скодтой.


Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan