Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 40:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ӕртыккаг бон уыди фараоны гуырӕнбон, ӕмӕ куывд скодта йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн. Йӕ дӕлдӕрты раз бӕрзонд систа йӕ хистӕр дзагдары ӕмӕ йӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Ӕртыккаг бон уыди фараоны гуырӕнбон, ӕмӕ куывд скодта йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн. Йӕ дӕлдӕрты раз бӕрзонд систа йӕ хистӕр дзагдары ӕмӕ йӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 40:20
14 Iomraidhean Croise  

Саби фӕхъомыл ис. Риуӕй иртӕст цы бон ӕрцыд, уыцы бон Авраам скодта стыр куывд.


Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни: фӕстӕмӕ дӕ сӕвӕрдзӕни дӕ бынаты, ӕмӕ та раздӕрау уыдзынӕ йӕ дзагдар — фараон йӕ нуазӕн дӕ къухӕй исдзӕни.


Ӕртӕ боны фӕстӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни дӕу дӕр: бӕласыл дӕ ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дӕ мард мӕргътӕн холыйаг фӕуыдзӕни».


Соломон райхъал ис ӕмӕ бамбӕрста, фын федта, уый. Уӕд ацыд Йерусалиммӕ, ӕрлӕууыди Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ, стӕй скодта куывд ӕмӕ цӕл-минасмӕ ӕрхуыдта йе ’ппӕт дӕлдӕрты.


Евил-Меродах Вавилоны паддзах куы сси, тӕккӕ уыцы аз ахӕстонӕй суӕгъд кодта иудейаг паддзах Йехониайы. Уый ӕрцыд Йехониайы ахасты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азӕн йӕ дыууадӕсӕм мӕйы дыууын ӕвдӕм бон.


Паддзах куы сси, уымӕн йе ’ртыккаг аз Ксеркс куывд скодта, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты иууылдӕр фӕхуыдта. Уым уыдысты персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕфсӕддон разамонджытӕ, уӕздӕттӕ, йӕ паддзахады бӕстыхицӕуттӕ.


Иов дзурын райдыдта ӕмӕ, дунемӕ цы бон фӕзынди, уый фелгъыста.


Хоревы хохы бын уыдон уӕныджы згъӕрсурӕт джиппы рауагътой ӕмӕ йӕм бакуывтой.


Иудейаг паддзах Йехониа ӕртын ӕвдӕм аз уацары куы уыди, уӕд Вавилоны бӕстӕйы паддзах сси Евил-Меродах. Дыууадӕсӕм мӕйы дыууын фӕндзӕм бон Иудейы паддзах Иоакимы йӕ хорзӕхы аккаг скодта ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй рауагъта.


Фӕлӕ Иродӕн йӕ гуырӕнбон куы уыди, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыди уазджыты раз. Ироды зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис,


Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ ӕрыздӕхти уыцы цагъарты хицау ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдта.


Иродиадӕйӕн фадат фӕзынди Ироды гуырӕнбоны. Ирод куывд скодта ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ Галилейы уӕздӕтты фӕхуыдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan