Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 40:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕртӕ боны фӕстӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни дӕу дӕр: бӕласыл дӕ ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дӕ мард мӕргътӕн холыйаг фӕуыдзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

19 Ӕртӕ боны фӕстӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни дӕу дӕр: бӕласыл дӕ ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дӕ мард мӕргътӕн холыйаг фӕуыдзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 40:19
17 Iomraidhean Croise  

Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни: фӕстӕмӕ дӕ сӕвӕрдзӕни дӕ бынаты, ӕмӕ та раздӕрау уыдзынӕ йӕ дзагдар — фараон йӕ нуазӕн дӕ къухӕй исдзӕни.


Уӕллаг чыргъӕды — фараонӕн конд алыхуызон дзултӕ, мӕргътӕ сӕ чыргъӕдӕй хӕрынц».


Йосеф ын дзуапп радта: «Мӕнӕ цӕмӕ цӕуы дӕ фын. Ӕртӕ чыргъӕды сты ӕртӕ боны.


Ӕртыккаг бон уыди фараоны гуырӕнбон, ӕмӕ куывд скодта йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн. Йӕ дӕлдӕрты раз бӕрзонд систа йӕ хистӕр дзагдары ӕмӕ йӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы:


хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы та ӕрцауыгъта. Хъуыддӕгтӕ рауадысты, Йосеф сын сӕ фынтӕ куыддӕриддӕр райхӕлдта, афтӕ.


Куыддӕриддӕр нын сӕ райхӕлдта, афтӕ рауади хъуыддаг: ӕз фӕстӕмӕ мӕ бынаты ӕвӕрд ӕрцыдтӕн, уый та ӕрцауыгътой».


Айайы чызг Рицпа сӕхъисы гӕппӕл райста ӕмӕ йӕ къӕдзӕхыл йӕхицӕн ӕрытыдта. Хуымгӕрдӕнты райдианӕй суанг, цалынмӕ сын сӕ мӕрдтыл арвӕй къӕвда уарын райдыдта, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацыди. Боныгон сӕм ӕввахс нӕ уагъта уӕларвон мӕргъты, ӕхсӕвыгон — хъӕддаг сырдты.


уый тыххӕй нын йӕ байзӕддӕгтӕй авд нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ сӕ мах, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы Саулы Дунедарӕджы раз Гевӕйы ӕрцауындзӕм». Паддзах сын загъта: «Ратдзынӕн».


Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.


Бабын уыдзынӕ Израилы хӕхтыл, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдонгтӕ дӕр, ноджы ма, демӕ цы адӕмтӕ рацыд, уыдон дӕр. Алы тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


Уыйадыл Йешуа паддзӕхты ныммардта ӕмӕ сӕ фондз бӕласыл ӕрцауындзын кодта. Ауыгъдӕй фӕлӕууыдысты изӕрмӕ.


Гайы паддзахы ӕрцауындзын кодта бӕласыл ӕмӕ изӕрдалынгтӕм ауыгъдӕй фӕлӕууыд. Хурныгуылдыл Йешуайы дзырдмӕ гӕсгӕ марды бӕласӕй ӕристой ӕмӕ йӕ сахары кулдуармӕ аппӕрстой, стӕй йыл дурты стыр цӕнд самадтой. Цӕнд абон дӕр ма лӕууы.


стӕй йын афтӕ: «Рауай-ма, ӕз дын дӕ мард тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн раттон».


Абон дӕ Дунедарӕг мӕ къухмӕ дӕтты. Амардзынӕн дӕ, дӕ сӕр дын ракӕндзынӕн ӕмӕ дӕ мард дӕр ӕмӕ филистимаг ӕфсады мӕрдтӕ дӕр тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн ратдзынӕн. Уадз ӕмӕ ӕппӕт дуне дӕр базона, Израилӕн Хуыцау кӕй ис, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan