Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 40:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Гъемӕ дӕ хъуыддаг хорз куы ацӕуа, уӕд-иу мӕ ма ферох кӕн. Уыцы хорз мын-иу ракӕн, зӕгъ мӕн тыххӕй фараонӕн ӕмӕ мӕ ауадзын кӕн ардыгӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Гъемӕ дӕ хъуыддаг хорз куы ацӕуа, уӕд-иу мӕ ма ферох кӕн. Уыцы хорз мын-иу ракӕн, зӕгъ мӕн тыххӕй фараонӕн ӕмӕ мӕ ауадзын кӕн ардыгӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 40:14
9 Iomraidhean Croise  

Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни: фӕстӕмӕ дӕ сӕвӕрдзӕни дӕ бынаты, ӕмӕ та раздӕрау уыдзынӕ йӕ дзагдар — фараон йӕ нуазӕн дӕ къухӕй исдзӕни.


Уӕд хистӕр дзагдар фараонӕн загъта: «Мӕ кӕддӕры рӕдыд ныр мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд.


Давид загъта: «Саулы бинонтӕй, цымӕ, ничиуал баззади? Фӕнды мӕ, Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, уымӕн баххуыс кӕнын».


Ӕрмӕст-иу галаадаг Барзиллайы фырттӕм хӕлар цӕстӕй ракӕс. Демӕ ӕмвынг чи уа, уыдоны ’хсӕн сын бынат уӕд. Уымӕн ӕмӕ, кӕддӕр де ’фсымӕр Авессаломӕй куы алыгътӕн, уӕд уыдон сӕрбахъуыды рӕстӕг мӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты.


Ӕмӕ загъта: «Йесо, Дӕ Паддзахадмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу мӕ ӕрымыс!»


Цагъайрагӕй дӕм фӕсидти — ма йыл тыхс; фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни уыцы фадатӕй спайда кӕнын.


Уӕдӕ мын Дунедарӕгӕй ард бахӕрут, ӕз уын хорзы куыд бацыдтӕн, афтӕ сымах дӕр мӕ бинонтӕн хорзы кӕй бацӕудзыстут. Бӕлвырд ӕвдисӕйнаг мын раттут,


уӕд нӕ хӕрдзынӕ дӕхи, дӕ цӕсгом не ссудздзӕн, уымӕн ӕмӕ, ме ’лдар, ӕнӕхъуаджы туг нӕ ныккалдтай, дӕ маст дӕхи къухӕй нӕ райстай. Ӕмӕ Дунедарӕг ме ’лдарӕн хӕрзтӕ куы фӕуа, уӕд-иу ӕрымыс дӕ цагъары».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan