Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 4:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Шетӕн дӕр райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Енош. Уыцы заман райдыдтой Дунедарӕджы ном арын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

26 Шетӕн дӕр райгуырди фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Енош. Уыцы заман райдыдтой Дунедарӕджы ном арын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 4:26
17 Iomraidhean Croise  

Уырдыгӕй Аврам араст ис, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хӕхбӕстӕ уыдис, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Вефил аззади ныгуылӕнӕрдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнӕрдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном.


Исаак уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ссардта Дунедарӕджы ном. Уыцы ран айтыгъта йӕ цатыр, ӕмӕ йӕ цагъартӕ райдыдтой цъай къахын.


Уӕд-иу Баалы пехуымпартӕ сӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсидӕнт, ӕз дӕр Йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсиддзынӕн Дунедарӕгмӕ, мӕ Хуыцаумӕ. Ӕмӕ сӕ дыууӕйӕ арт чи ратта, уый уыдзӕни Хуыцау». Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Фӕуӕд афтӕ!»


Сӕ иу дзурдзӕн, ӕз Дунедарӕджы дӕн, иннӕ йӕхи схондзӕн Йаковы номӕй, ӕртыккаг ма йӕ къухыл дӕр ныффысдзӕн, Дунедарӕджы дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ схондзысты Израил.


Ӕрбайхъусут, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы ном чи хӕссы ӕмӕ Иудӕйы артӕй рацӕугӕ чи у, уыдон! Сымах ард фӕхӕрут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауыл нымайут Израилы Хуыцауы, фӕлӕ Йыл не стут иузӕрдион, не стут рӕстгӕнӕг.


Ӕмӕ систӕм ахӕм адӕм, цыма Ды никуы уыдтӕ нӕ паддзах, цыма Дын мах никуы зыдтам Дӕ ном.


Уыцы заман Иудей фервӕздзӕн, Йерусалим ӕдасӕй цӕрдзӕн, схондзысты йӕ: „Дунедарӕг — нӕ рӕстад“.


Ӕмӕ Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уыдон фервӕздзысты: Сионы хохыл Йерусалимы, адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон удӕгасӕй баззайдзысты, Дунедарӕг зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. Дунедарӕг кӕмӕдӕриддӕр фӕсида, уыдон фервӕздзысты.


Ӕмӕ уӕд Ӕз адӕмты ӕвзӕгтӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн, цӕмӕй иууылдӕр Дунедарӕджы ном арой ӕмӕ Йын ӕмзӕрдӕйӕ лӕггад кӕной.


Енош, Шет, Адам, Хуыцау.


Ӕнӕхъӕн аз аргъуаны фесты ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт чырыстӕттӕ схуыдтой Антиохийы.


Ӕмӕ уыдзӕн афтӕ: Бардарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн“.


Уымӕн ӕмӕ «Бардарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн».


Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕрцы Хуыцауыл фӕдзӕхст чи у ӕмӕ Хуыцау Йӕ сыгъдӕджытӕ суӕвынмӕ кӕмӕ фӕсидти, уыдонмӕ; стӕй, алы ран дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ном чи ары, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan