Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 4:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Циллӕ ныййардта Тувал-Каины. Уый сси куырд, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй алы дзаума аразӕг. Тувал-Каины хо — Наамӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

22 Циллӕ ныййардта Тувал-Каины. Уый сси куырд, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй алы дзаума аразӕг. Тувал-Каины хо — Наамӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 4:22
7 Iomraidhean Croise  

Йе ’фсымӕр Иувал та — хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзтӕй чи цагъта, уыдоны фыдӕл.


Ламех йӕ устытӕн загъта: «Ада ӕмӕ Циллӕ, ӕрбайхъусут ардӕм! Ламехы устытӕ, хъусут мӕ ныхӕстӕм! Ӕз амардзынӕн, чи мӕ фӕцӕф кӕна, уыцы лӕджы. Мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн, чи мӕ ныццӕва, уыцы лӕппуйы.


Уӕдӕ мын ӕрбарвит, сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ кусынмӕ чи арӕхсы, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз хъуымӕцтӕ уафын, стӕй нывӕфтауӕджы куыст чи зоны, ахӕм ӕрмдӕсныйы. Иудей ӕмӕ мын Йерусалимы цы ӕрмдӕснытӕ ис, уыдонимӕ мын кусӕд. Уыцы ӕрмдӕсныты кӕддӕр мӕ фыд Давид равзӕрста.


Ӕмбырд кӕнут ахӕм лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы,


сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, къала ӕмӕ зды —


Ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуыйӕ — де ’вдузӕнтӕ, дӕ хъару цӕргӕбонты — ӕвидигӕ“.


къӕбӕрцух кӕм нӕ уыдзыстут, хъуаг кӕм ницӕмӕй ӕййафдзыстут, ахӕм бӕстӕм; йӕ дурты ӕфсӕйнаг кӕмӕн ис, йӕ хӕхты ӕрхуы кӕмӕн амал кӕндзыстут, ахӕм бӕстӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan