Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 39:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Фӕлӕ уый не сразы: «Ме ’лдары мӕн руаджы ницӕйуал мӕт ис йӕ хӕдзары. Йе ’ппӕт исбон дӕр бакодта мӕ быгъдуан,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Фӕлӕ уый не сразы: «Ме ’лдары мӕн руаджы ницӕйуал мӕт ис йӕ хӕдзары. Йе ’ппӕт исбон дӕр бакодта мӕ быгъдуан,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 39:8
15 Iomraidhean Croise  

Ахӕстоны хицау йӕхӕдӕг, Йосефы бӕрны цы уыди, уыдӕттӕй йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын.


Йосеф фӕцыди йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ сси йӕ сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг. Йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ исбон Потифар ӕгасӕйдӕр бакодта Йосефы ӕвджид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг, Йосефы сӕр нымайгӕйӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта мысыраджы хӕдзар. Раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын сбирӕ кодта йӕ мулк ӕмӕ йӕ хуымты бӕркад.


Мӕ лӕппу! Тӕригъӕдджынтӕ дӕ сӕ фӕдыл куы сайой, уӕд-иу сын ды ма баком.


Мӕгуыр адӕймаг ныхас кӕны лӕгъстӕхуызӕй, хъӕздыг та гуырымыхъ дзуапп ратты.


Уӕлзонд дӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрдзӕн, ӕмӕ зонынад дӕ удӕн ӕхсызгон уыдзӕн.


Искӕй усы ’взаг — арф сӕрсӕфӕн, Дунедарӕг кӕй ралгъита, уый дзы ныххаудзӕн.


Уӕдӕ искӕй усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уый дӕр афтӕ — куы йыл бандзӕвы, уӕд ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайы.


Уыдон дӕ хъахъхъӕндзысты искӕй усӕй, моймӕдзыд сылгоймаджы рӕвдауӕн ныхӕстӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan