Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 39:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 уӕд сылгоймаг хӕдзаронтӕм фӕфӕдис кодта: «Кӕсут-ма, мӕ мой нӕм ацы дзуттаджы махӕй фӕхъазынмӕ ӕрбакодта. Йӕ зӕрды мын тыхми бакӕнын уыди!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 уӕд сылгоймаг хӕдзаронтӕм фӕфӕдис кодта: «Кӕсут-ма, мӕ мой нӕм ацы дзуттаджы махӕй фӕхъазынмӕ ӕрбакодта. Йӕ зӕрды мын тыхми бакӕнын уыди!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 39:14
21 Iomraidhean Croise  

Цот рацыди Симӕн дӕр. Уый у Еверы ӕппӕт байзӕддӕгты фыдӕл, Йафеты хистӕр ӕфсымӕр.


Чи аирвӕзти, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта дзуттаг Аврамӕн, уыцы рӕстӕг амораг Мамрейы тулдзджыны раз чи царди, уымӕн. Ӕфсымӕртӕ Мамре, Ешкол ӕмӕ Анер уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ.


Йосефы дарӕс йӕ къухы куы аззади,


Фӕлӕ, куы ныцъцъӕхахст кодтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ цуры фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис».


стӕй уыцы ныхӕстӕ рафӕзмыдта йӕ мойӕн дӕр: «Цы дзуттаг цагъары ӕрбакодтай нӕ хӕдзармӕ, уый мыл тыхӕй ӕрхӕцынмӕ хъавыди,


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ йыл Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Бауарз-ма мӕ!»


Дзуттӕгты зӕххӕй дӕр мӕ давгӕ ракодтой, ӕмӕ ам дӕр, ницӕмӕй фӕазымджын дӕн, афтӕмӕй мӕ хъоргъы смидӕг кодтой».


Дӕ къах дын Уый нӕ бауадздзӕни фӕцудын, дӕ хъахъхъӕнӕг рӕдзӕ-мӕдзӕ нӕ кӕны.


Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн, чи Дӕ зоны, уыдоны, Дӕ рӕстады фарнӕй схайджын кӕн рӕстзӕрдӕты!


Ме знӕгтӕ ӕнӕхъӕн бон мӕ фӕдыл зилынц, бирӕ сты мӕ ныхмӕ тохгӕнджытӕ.


Мӕнг ӕвзаг ӕнӕуынондзинад ӕмбӕхсы; ӕдылы хахуыртӕ дыууӕрдӕм хӕссы.


Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ рӕстдзинад Мын чи зоны, Ме ’гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст кӕмӕн у, уыдон! Искӕй фидистӕй ма тӕрсут, искӕй ӕлгъыстытӕ уыл тас ма ’фтауӕнт!


Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Фидис дын кӕндзысты хӕстӕг ӕмӕ дард адӕмтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕчъизи кодтай дӕ ном, о знӕт сахар!


Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын амарыны тӕрхон рахӕссой.


Тӕхудиаг стут, Мӕн тыххӕй уын фидис куы кӕной, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ уыл алы даутӕ куы мысой, уӕд.


Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».


Мах вӕййӕм нымад ӕмӕ ӕгад, фӕдзурынц нӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз. Нымайынц нӕ фӕлитойтыл, мах та стӕм раст;


Уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan