Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 38:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Онан зыдта, цот йӕхионтыл нымад нӕ уыдзысты, уый ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат куы ӕрцыди, уӕд-иу йӕ мыг зӕхмӕ ауагъта, цӕмӕй йе ’фсымӕрӕн цот ма скӕна.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Онан зыдта, цот йӕхионтыл нымад нӕ уыдзысты, уый ӕмӕ-иу йе ’фсымӕры усимӕ ӕмуат куы ӕрцыди, уӕд-иу йӕ мыг зӕхмӕ ауагъта, цӕмӕй йе ’фсымӕрӕн цот ма скӕна.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 38:9
11 Iomraidhean Croise  

Онан цы ми кодта, уый Дунедарӕджы цӕсты фыдми уыд, ӕмӕ Дунедарӕг уымӕн дӕр йӕ цард айста.


Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.


Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын, фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?


Ӕфсымӕртӕ иумӕ цӕрынц, ӕмӕ сӕ иу амарди, фырт та йын нӕ баззади, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ идӕдзы хъуамӕ иннӕ ӕфсымӕр ракура.


Фыццаг сын цы лӕппу райгуыра, уый цыма мард ӕфсымӕры фырт у, афтӕ нымад ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ мард ӕфсымӕрӕн израилӕгты ’хсӕн йӕ ном нӕ фесӕфдзӕн.


Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.


Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.


Уымӕн ӕмӕ хӕлӕгдзинад ӕмӕ хирвӕссондзинад кӕм уа, уым уыдзӕни змӕст ӕмӕ алы ӕвзӕр митӕ.


Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»?


Наоми та сын загъта: «Аздӕхут, мӕ къонатӕ; цӕмӕн хъуамӕ ацӕуат мемӕ? Исты ма, мыййаг, сымахӕн мой чи суаид, ахӕм хъӕбултӕ ис мӕ гуыбыны?


Ноджы ма курын Махлоны усы, моаваг Руфы, дӕр, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, йӕ ном та йе ’рвадӕлты ӕмӕ сахары цӕрджыты ’хсӕн куыннӕ фесӕфа, афтӕ; абон мын сымах ӕвдисӕнтӕ фӕут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan