Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 38:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Иудӕ сӕ базыдта ӕмӕ загъта: «Тамар раст у. Рӕдигӕ чи фӕкодта, уый — мӕхӕдӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелайӕн нӕ радтон». Ӕмӕ йемӕ ӕмуат никуыуал ӕрцыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

26 Иудӕ сӕ базыдта ӕмӕ загъта: «Тамар раст у. Рӕдигӕ чи фӕкодта, уый — мӕхӕдӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелайӕн нӕ радтон». Ӕмӕ йемӕ ӕмуат никуыуал ӕрцыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 38:26
19 Iomraidhean Croise  

Йаков ӕй базыдта ӕмӕ ныккӕрзыдта: «Ай мӕ фырты пӕлӕз куы у! Тугдзых сырд бахордта Йосефы! Аргӕвста йӕ!»


ӕмӕ сылгоймаг йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йӕхиуыл ӕмбӕрзӕн ӕркодта ӕмӕ афтӕмӕй Тимнамӕ фӕндагыл Енаимы кулдуары цур сбадти. Уымӕн ӕмӕ федта: Шела байрӕзти, фӕлӕ йын Тамары нӕ ракуырдтой.


Адам ӕмуат ӕрцыд йӕ ус Евӕимӕ. Уый банхъӕлцау ис, ӕмӕ, йӕ афон куы ралӕууыд, уӕд ын райгуырди Каин. Евӕ загъта: «Дунедарӕг мын радта ацы адӕймаджы».


Авессаломӕн уӕлхӕдзар цатыр айтыгътой, ӕмӕ уый ӕгас Израилы раз ӕмуат ӕрцыди йӕ фыды номылустытимӕ.


Паддзах Давид Йерусалиммӕ йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта, йӕ уыцы дӕс номылусы ӕрцӕрын кодта, хъахъхъӕнджытӕ сын кӕм уыд, ахӕм хӕдзары. Хъуаг сӕ ницӕмӕй уагъта, фӕлӕ сӕм цӕугӕ нӕ кодта. Ӕмӕ уыдон идӕдз устытау, ӕхгӕд цард кӕнгӕйӕ, цардысты уым сӕ амӕлӕты онг.


Давид мӕлӕтхӕссӕг зӕды куы федта, уӕд Дунедарӕгӕн загъта: «Тӕригъӕды ӕз куы бацыдтӕн, фыдракӕнд ӕз куы сарӕзтон, уӕд ацы фыстӕ та цы аххосджын сты? Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».


Дӕхи рад у ныр та, ӕмӕ нӕ быхсыс; фыдбылыз дӕхиуыл ӕрцыд, ӕмӕ катайы бацыдтӕ.


Уӕд дӕхи хъомысӕй сфӕлынд, тӕмӕнкалгӕ кады ӕрбатух дӕхи,


Уӕдӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк. Дӕ хотӕн уыцы хорзы бацыдтӕ, ӕмӕ дӕхи уыдонӕй тынгдӕр фӕаллайаг кодтай дӕ тӕригъӕдты фӕрцы, уымӕ гӕсгӕ дӕ хотӕ дӕуӕй растдӕр разындысты. Уӕдӕ дӕ цӕсгом судзӕд ӕфсӕрмӕй, ӕмӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк, дӕ хотӕ та сраст уӕнт.


Фӕлӕ ӕгӕр сыгъдӕг сты Дӕ цӕстытӕ фыдракӕндтӕ уынынӕн. Бӕллӕхмӕ кӕсын нӕу Дӕ бон. Уӕдӕ фӕлитойтӕм куыд кӕсыс? Фыдгӕнӕг ӕнаххосы куы фӕныхъуыры, уӕд куыд фӕлӕууыс ӕдзӕмӕй?


Кӕд ӕцӕг зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодтат, уӕд ӕй хъуыддагӕй равдисут.


Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сын се ’фсарм тӕрхон кӕнын райдыдта ӕмӕ куыд хистӕрӕй иу иннӕйы фӕдыл уырдыгӕй сӕхи айстой. Фӕстагмӕ ма дзы баззадысты ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ уыцы сылгоймаг.


Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй.


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Давид йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Саул загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.


Стӕй Давидӕн загъта: «Ды мӕнӕй растдӕр дӕ. Ды мын хорздзинад сарӕзтай, ӕй та дын ӕй бафыстон ӕвзӕрӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan