Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 38:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Иудӕ йын дзуапп радта: «Мӕ дзугӕй дын иу сӕныкк ӕрбарвитдзынӕн». Тамар ын афтӕ: «Цъынды мын исты ныууадз, цалынмӕ йӕ ӕрбарвитай, уӕдмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Иудӕ йын дзуапп радта: «Мӕ дзугӕй дын иу сӕныкк ӕрбарвитдзынӕн». Тамар ын афтӕ: «Цъынды мын исты ныууадз, цалынмӕ йӕ ӕрбарвитай, уӕдмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 38:17
8 Iomraidhean Croise  

Фӕндаджы былмӕ йӕм баздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Цӕй ӕмӕ демӕ ӕмуат ӕрцӕуон». Йӕ чындз у, уый нӕ базыдта. Тамар ӕй бафарста: «Цы мын ратдзынӕ, мемӕ куы ӕрӕмуат уай, уӕд?»


Иудӕ йӕ бафарста: «Цы дын ныууадзон?» Загъта йын: «Дӕ мыхуырӕвӕрӕн ӕд бос ӕмӕ дӕ къухы уыцы лӕдзӕг». Радта йын сӕ ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Тамар банхъӕлцау ис.


Уыцы сылгоймагӕй цъынды фӕстӕмӕ райсыны тыххӕй йын Иудӕ йӕ адулламаг хӕларимӕ арвыста сӕныкк, фӕлӕ йӕ уый не ссардта.


Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи ратта, уымӕн фӕстагмӕ йӕ дарӕс дӕр ласт ӕрцӕудзӕн, искӕй усы ’вджид чи ныллӕуа, уымӕн дӕр — афтӕ.


Хӕтаг сылтӕн лӕвӕрттӕ фӕкӕнынц, ды та дӕхӕдӕг кодтай лӕвӕрттӕ де ’ппӕт хӕзгултӕн, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй балхӕдтай, цӕмӕй дӕм алырдыгӕй цӕуой ӕмӕ демӕ ӕнӕуаг митӕ кӕной.


Ӕмӕ хицау раппӕлыд йӕ мӕнгард хӕдзаргӕсӕй, афтӕ кӕй сарӕхсти, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хъӕбултӕ, сӕхи хуызӕн чи у, уыдонимӕ исты хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, уӕд рухсы хъӕбултӕй ӕрхъуыдыджындӕр вӕййынц.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ, мӕнӕу кӕрдыны афон, Самсон йӕ усы бӕрӕггӕнӕг Тимнӕйы сахармӕ ацыди. Йемӕ ахаста сӕныкк дӕр. Самсон загъта: «Ӕз цӕуын уатмӕ, мӕ бинойнагмӕ». Фӕлӕ йӕ чызджы фыд нӕ бауагъта:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan