Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 37:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Цыма хуымы астӕу бастам куыристӕ, ӕмӕ мӕ куырис уырдыг слӕууыди, сымах куыристӕ та йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ӕркуывтой».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Цыма хуымы астӕу бастам куыристӕ, ӕмӕ мӕ куырис уырдыг слӕууыди, сымах куыристӕ та йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ӕркуывтой».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 37:7
12 Iomraidhean Croise  

Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Загъта сын: «Ӕрбайхъусут-ма, цы фын федтон, уымӕ!


Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Йосефы зӕрдыл ӕрлӕууыди, кӕддӕр сӕ йӕ фынты куыд федта, уый ӕмӕ сын загъта: «Сымах сгарджытӕ стут. Нӕ бацӕуӕнтӕ нын басгарынмӕ фӕзындыстут».


Йосеф хӕдзармӕ куы ’рбацыди, уӕд ын бахастой сӕ хуынтӕ ӕмӕ йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом сты.


Уыдон ын дзуапп радтой: «Дзӕбӕх, сӕрӕгас у дӕ цагъар, нӕ фыд». Ӕмӕ та ӕрзоныг кодтой йӕ разы.


Йосеф ма хӕдзары уыд, Иудӕ йӕм йе ’фсымӕртимӕ куы бацыди, уӕд. Йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.


Уӕд Иудӕ Йосефмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ йӕм бахатыди: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, дӕ цагъарӕн ныхасы бар ратт. Фараоны ӕмсӕр дӕ ӕмӕ ма смӕсты у дӕ цагъармӕ.


Айразмӕ ме ’лдар йӕ цагъарты фарста, фыд, ӕфсымӕр ма нын ис ӕви нӕ, уымӕй.


Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыдысты, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын мах — цагъартӕ».


цӕмӕй Йесойы номы раз ӕрзоныг кӕной, уӕларв, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр,


Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕргълӕууӕг. Уый у Сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan