Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 37:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Иуахӕмы Йосеф федта фын ӕмӕ йӕ радзырдта йе ’фсымӕртӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Иуахӕмы Йосеф федта фын ӕмӕ йӕ радзырдта йе ’фсымӕртӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 37:5
20 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у».


Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц.


Иуахӕмы фосы хъазын афон федтон ахӕм фын: сӕгътимӕ цы цӕутӕ хъазыд, уыдон уыдысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ.


Хуыцауы зӕд мӕм фыны басидт: „Йаков!“ Ӕз ын дзуапп радтон: „Хъусын дӕм“.


Ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд йӕ цотӕй уымӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзы, уый, ӕмӕ сын Йосеф ӕнӕуынон фестади, рӕстмӕ йӕм дзургӕ дӕр нал кодтой.


Загъта сын: «Ӕрбайхъусут-ма, цы фын федтон, уымӕ!


Йе ’фсымӕртӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Ау, ды нын паддзах уыдзынӕ? Дӕ дӕлбар уыдзыстӕм мах?» Ӕмӕ сын йӕ фынтӕ ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр сӕнӕуынон ис.


ӕмӕ иуахӕмы дыууӕ ахӕсты, Мысыры паддзахы дзагдар ӕмӕ йӕ кӕрдзынгӕнӕг, уыцы иу ӕхсӕв федтой фынтӕ — фӕйнӕ фыны. Алкӕй фынӕн дӕр сӕ уыди йӕхи сӕрмагонд нысаниуӕг.


Рацыди дыууӕ азы, ӕмӕ иуахӕмы фараон федта фын. Цыма лӕууыди Нилы былгӕрон,


Йосефы зӕрдыл ӕрлӕууыди, кӕддӕр сӕ йӕ фынты куыд федта, уый ӕмӕ сын загъта: «Сымах сгарджытӕ стут. Нӕ бацӕуӕнтӕ нын басгарынмӕ фӕзындыстут».


Маст ын кодтой ӕмӕ йӕ фатӕй ӕхстой, тох амадтой йемӕ ӕрдынджынтӕ.


Гивоны йӕм уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур!»


Вавилойнаг паддзах Навуходоносор дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд федта ӕнахуыр фын. Уыйадыл катайы бацыд ӕмӕ йӕ хуыссӕг нал ахста.


Ӕппынфӕстаг мӕ разы ӕрлӕууыд, мӕ хуыцауы номмӕ гӕсгӕ Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил. Уый хайджын у Хуыцауы Удӕй. Ӕз Даниилӕн загътон:


Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Ӕз алкӕй дӕр схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ хистӕртӕ уындзысты Мӕ лӕвӕрд фынтӕ, ӕмӕ уӕ лӕппутӕ та — цӕстылуайӕнтӕ.


Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.


Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.


Ӕз сын ӕрхастон Дӕ ныхас, ӕмӕ сӕ дуне йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ, Ӕз ацы дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan