Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 37:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ Йосеф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

29 Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ Йосеф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 37:29
14 Iomraidhean Croise  

Йаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы.


Йаков йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ астӕуыл сӕхъис ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл.


Уӕд ӕфсымӕртӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ дзы алчи йӕ уаргъ фӕстӕмӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты сахармӕ.


Уӕд Давид йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывта; афтӕ бакодтой, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр.


Тамар йӕ сӕрыл фӕнык байзӕрста, йӕ хуызджын дарӕс ӕрыскъуыдтӕ кодта ӕмӕ, йӕ къухтӕй йӕ сӕрыл хӕцгӕ, хъӕрӕй дзынӕзта, афтӕмӕй цыди.


Цӕуы ӕмӕ уыны: ног паддзах, ӕгъдау куыд амыдта, уымӕ гӕсгӕ лӕууы къуыбыргондыл. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ сыкъахӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Адӕм иууылдӕр цин кӕнынц, хӕтӕлтӕй цӕгъдынц. Ӕмӕ Атали йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!»


Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ацыди.


Израилы паддзах уыцы фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта: «Уымӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Марын ӕмӕ ӕгас кӕныны хъуыддӕгтӕ мӕ бӕрны, мыййаг, сты? Мӕнмӕ йӕ цы ’рбарвыста йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнынмӕ? Уӕдӕ йӕ уӕ зӕрдыл бадарут, хӕст расидын ӕй фӕнды ӕмӕ ӕфсон агуры».


Сыстади Иов, йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ сӕр ныддаста. Зӕххыл ныддӕлгом ис


Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой.


Уӕ дарӕс нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ арӕдувут фӕйнӕрдӕм!» Раздӕхут уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ Уый барон ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у, фыдбылыз ӕруадзыны фӕнд аивдзӕнис ӕхсызгонӕй.


Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт, иннӕ сгарджытимӕ бӕстӕуынӕг чи уыд, уыдон сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм


Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй дзырдтой:


Куы йӕ ауыдта, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ехх, мӕ чызг, уый мын цы бакодтай! Сау бӕллӕхы мӕ куы баппӕрстай! Ӕз Дунедарӕгӕн дзырд радтон ӕмӕ йӕ мӕ бон нӕ сӕххӕст кӕнын нӕу!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan