Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 37:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Иудӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард куы басусӕг кӕнӕм, уӕд ныл уымӕй цы бафтдзӕни?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

26 Иудӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард куы басусӕг кӕнӕм, уӕд ныл уымӕй цы бафтдзӕни?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 37:26
16 Iomraidhean Croise  

Исав ын афтӕ: «Мӕнӕ мӕлгӕ куы кӕнын, уӕд мӕ цӕмӕн хъӕуы уыцы хистӕрад?»


Цӕй ӕмӕ йӕ амарӕм ӕмӕ йӕ донуӕттӕй иуы ныппарӕм. Стӕй зӕгъдзыстӕм, тугдзых сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Гъеуӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕ цӕмӕ рацыдысты, уый».


Дунедарӕг та бафарста: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг дыл зӕххӕй ӕвдисӕн кӕны.


Дунедарӕг бафарста Каины: «Кӕм ис де ’фсымӕр Авел?» Уый дзуапп радта: «Нӕ зонын. Ме ’фсымӕрӕн гӕс, мыййаг, дӕн?»


Дзуттӕгты зӕххӕй дӕр мӕ давгӕ ракодтой, ӕмӕ ам дӕр, ницӕмӕй фӕазымджын дӕн, афтӕмӕй мӕ хъоргъы смидӕг кодтой».


Сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бӕгуыдӕр, азымджын стӕм не ’фсымӕры раз. Йӕ зӕрдӕйы тас ын уыдтам, куы нын лӕгъстӕ кодта, уӕд, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстам, ӕмӕ ныр нӕхӕдӕг дӕр бӕллӕхы бахаудыстӕм».


Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.


Давид загъта: «Дӕхи аххосӕй ӕрцыди дӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай, Дунедарӕджы байсӕрсты амардтон, зӕгъгӕ».


О зӕхх! Мӕ туг мын ма басусӕг кӕн — мӕ фӕдисхъӕр мын дӕ хуылфы ма бамбӕхс!


Знаджы къухтӕм мӕ нӕ радтай, слӕууын мӕ кодтай мӕ къӕхтыл, уынгӕг ранӕй мӕ ракодтай.


Ӕрмӕстдӕр Елнатан, Делаи ӕмӕ Гемариа паддзахӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй чиныг ма басудза, фӕлӕ сӕм уый нӕ байхъуыста.


Фӕлӕ дзы дӕс лӕджы Измаелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Ма нӕ амар! Махӕн быдыры ис ӕмбӕхсӕнтӕ, уым ис мӕнӕу, хъӕбӕрхор, оливӕйы сой ӕмӕ мыд». Ӕмӕ сӕ уӕд Измаел иннӕтау нал амардта.


Уымӕн ӕмӕ туг ныккалдтой ацы сахары цӕрджытӕ, уыимӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ айнӕг къӕдзӕхыл, ӕндӕра рыджы бын фӕуыдаид зӕххыл.


Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?


Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.


Туг ныккалди, быцӕу рауади, исчи фӕцӕф ис, ӕмӕ раст тӕрхон рахӕссыныл дӕ сахары дӕ зӕрдӕ нӕ дарыс, зӕгъгӕ, уӕд фӕцу, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уырдӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan