Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 36:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Цивоны фырттӕ: Айа ӕмӕ Ана. Ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ фыд Цивоны хӕрджытӕ хизгӕйӕ, тӕвд суадӕттӕ ацы Ана ссардта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

24 Цивоны фырттӕ: Айа ӕмӕ Ана. Ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ фыд Цивоны хӕрджытӕ хизгӕйӕ, тӕвд суадӕттӕ ацы Ана ссардта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 36:24
12 Iomraidhean Croise  

Исав ӕрхаста ханаанаг устытӕ: хеттаг Елоны чызг Адайы ӕмӕ Охоливамайы — хивваг Цивоны фырт Анайы чызджы,


Шовалы фырттӕ: Алван, Манахат, Эвал, Шефо, Онам.


Анайы цот: Дишон ӕмӕ Охоливама, Анайы чызг.


Авессаломы дӕлдӕртӕ йын йӕ ныхас куы сӕххӕст кодтой, уӕд паддзахы фырттӕ ӕмхуызонӕй сӕ хӕргӕфсытыл абадтысты ӕмӕ лидзынмӕ фесты.


Авессаломӕн Давиды адӕм ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ размӕ фесты. Йӕ хӕргӕфсыл егъау теревинфы бынты куыд фӕцӕйуад, афтӕ йын къалиутӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ацахстой. Хӕргӕфс йӕ бынӕй алыгъд, ӕмӕ Авессалом арв ӕмӕ зӕххы ’хсӕн ауыгъдӕй аззади.


Сауджын Цадок, пехуымпар Натан ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ ацыдысты, Соломоны паддзах Давиды хӕргӕфсыл сбадын кодтой ӕмӕ йӕ акодтой Гихонмӕ.


Йӕ хӕргӕфсыл ӕй сбадын кӕнын кодта ӕмӕ йын йемӕ Гихоны доны онг арвыста сауджын Цадокы, пехуымпар Натаны, Йеходайы фырт Бенайайы, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты. Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрстой, ӕмӕ сси нӕ паддзах. Уӕд уырдыгӕй цингӕнгӕ рараст сты фӕстӕмӕ, ӕмӕ сахар ӕмызмӕлд сси. Ныр дӕр уыцы уынӕр уайы уӕ хъустыл.


Бӕхтӕ ӕмӕ иннӕ хайуантӕн дӕр уыдонӕй алчидӕр сӕ бынӕттӕм йӕ рады ласта хъӕбӕрхор ӕмӕ хъӕмп.


Шароны цы стурвос хызти, уыдонмӕ — шаройнаг Шитрай, дӕлвӕзты стурвосмӕ та — Адлайы фырт Шафат;


Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ: алыхуызон фосы мыггаг кӕрӕдзиимӕ ма хъазын кӕнут; дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма таут уӕ хуымы; алыхуызон ӕндӕхтӕй конд дарӕс ма скӕнут уӕ уӕлӕ.


Сӕ асадӕнты сын фосы мыггагӕй цыдӕриддӕр ссарой — бӕхтӕ, хӕргӕфсытӕ, теуатӕ, хӕрджытӕ — се ’ппӕты дӕр сӕ адӕмы азар баййафдзӕн.


Раздӕр уым емимӕгтӕ цардысты — Анакы фӕдонтау ӕнӕнымӕц ӕмӕ асӕй бӕрзонд адӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan