Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 36:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Мӕнӕ Исавы байзӕддӕгты мыггӕгтӕ. Исавы хистӕр фырт Елифазы байзӕддӕгтӕ: Теман, Омар, Цефо, Кеназ,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Мӕнӕ Исавы байзӕддӕгты мыггӕгтӕ. Исавы хистӕр фырт Елифазы байзӕддӕгтӕ: Теман, Омар, Цефо, Кеназ,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 36:15
19 Iomraidhean Croise  

Исавы фырттӕ, Цивоны фырт Анайы чызг Охоливама йын кӕй ныййардта, уыдон: Йеуш, Йалам ӕмӕ Корах.


Корах, Гатам, Амалек. Адон сты Едомы зӕххыл цӕрӕг мыггӕгты хистӕртӕ, Елифазы артӕй чи рацыди, уыдон — Адайы зӕнӕджы зӕнӕг.


Исавы байзӕддӕгтӕ, Охоливамайӕ йын чи рантысти, уыдон: Йеуш, Йалам, Корах — Исавӕн йӕ ус Охоливамайӕ, Анайы чызгӕй, чи рацыди, уыцы мыггӕгты хистӕртӕ.


Ада Исавӕн ныййардта Елифазы, Басемат — Реуелы,


Йовавы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси теманӕгты бӕстаг Хушам.


Иовы бӕллӕхты кой йе ’ртӕ хӕлары ӕрыхъуыстой ӕмӕ йӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ сӕ хӕдзӕрттӕй рараст сты: Елифаз — Теманы сахарӕй, Билдад — Шуахӕй, Цофар — Наамайӕ. Сӕмбӕлдысты, цӕмӕй йӕм иумӕ ацӕуой, йе ’нцой балӕууой ӕмӕ йын ныфсытӕ авӕрой.


Сӕ цот — сӕ алыварс, сӕ цоты цоты дӕр — сӕ разы.


Ӕмӕ дзуапп радта Елифаз, теманаг:


удаист фесты Едомы ӕлдӕрттӕ, асаст Моавы фӕтӕгтӕн сӕ ныфс, ханаанӕгтӕн се уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты.


Байхъусут, Дунедарӕг, Едом ӕмӕ Теманы цӕрджытӕн цы снысан кодта, уымӕ: суанг сын сӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты. Дунедарӕг сын бабын кӕндзӕн сӕ сӕрвӕттӕ.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?


Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр.


Ӕз Теманыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Боцрайы фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн.


Уӕд дӕ сахъгуырдты ӕвирхъау тас бацӕудзӕни, Теман, ӕмӕ Исавы хохы цӕрджытӕ цагъды фӕуыдзысты.


Теманӕй ӕрбацӕуы Хуыцау, Уаз Хуыцау фӕзынд Параны хохӕй. Йе стырад ӕрӕмбӕрзта уӕлӕрвтӕ, байдзаг ис Йӕ кадӕй зӕхх.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan