Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 35:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн. Уыцы бынат схуыдта Ел-Бет-Ел, уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы алыгъди, уӕд ӕм уыцы ран Хуыцау ӕргом рацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн. Уыцы бынат схуыдта Ел-Бет-Ел, уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы алыгъди, уӕд ӕм уыцы ран Хуыцау ӕргом рацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 35:7
16 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Уырдыгӕй Аврам араст ис, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хӕхбӕстӕ уыдис, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Вефил аззади ныгуылӕнӕрдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнӕрдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном.


Ныр Йаков та Беер-Шевӕйӕ ацыди Харанмӕ.


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Тынг фӕтарст ӕмӕ загъта: «Цы ӕвирхъау тасӕфтауӕг у ацы бынат! Цы у, уымӕй — Хуыцауы хӕдзар, арвы дуар».


Уыцы бынат схуыдта Вефил, раздӕр та сахары ном уыди Луз.


Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».


Йаков араст ис дарддӕр ӕмӕ скӕсӕйнаг адӕмы бӕстӕм бахӕццӕ ис.


Ӕз Вефилы Хуыцау дӕн, уаз дуры цъуппыл оливӕйы сой ӕруадзгӕйӕ Мын сомы кӕм ракодтай, уыцы Вефилы Хуыцау. Ныр ӕвӕстиатӕй ацу ацы зӕххӕй ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕм“».


Хуыцау Йаковӕн загъта: «Вефилмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн, — уым сараз нывондхӕссӕн».


Хуыцау йемӕ кӕм дзырдта, уыцы бынатӕн Йаков радта ном Вефил.


Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Вефилмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн».


Моисей сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Йахве-Нисси.


Сахары алыварс ӕдӕппӕтӕй у ӕстдӕс мин ӕлмӕрины. Йӕ ном фидӕны уыдзӕни: «Дунедарӕг уым ис».


Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan