Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 35:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Йаков ӕрцыди йӕ фыд Исаакмӕ Мамремӕ. Уый ис Кирйат-Арбамӕ (ома Хевронмӕ) хӕстӕг. Авраам ӕмӕ Исаак кӕддӕр уым ӕрцардысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 Йаков ӕрцыди йӕ фыд Исаакмӕ Мамремӕ. Уый ис Кирйат-Арбамӕ (ома Хевронмӕ) хӕстӕг. Авраам ӕмӕ Исаак кӕддӕр уым ӕрцардысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 35:27
20 Iomraidhean Croise  

Аврам систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл араст ис. Бахӕццӕ ис Хевронмӕ ӕввахс Мамрейы тулдзджынмӕ ӕмӕ уым ӕрцарди. Уыцы ран Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.


Чи аирвӕзти, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта дзуттаг Аврамӕн, уыцы рӕстӕг амораг Мамрейы тулдзджыны раз чи царди, уымӕн. Ӕфсымӕртӕ Мамре, Ешкол ӕмӕ Анер уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ.


Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».


Мамрейы тулдзджыны цур Дунедарӕг ӕргом рацыд Аврааммӕ, ӕмбисбоны ӕнтӕфы йӕ цатыры къӕсӕры раз куы бадти, уӕд.


Ӕмӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы бавӕрдта, Махпелайы быдыры, Мамрейы ныхмӕ (ныр Хеврон чи хуыйны, уый), цы лӕгӕт ис, уым, Ханааны зӕххыл.


Амарди Кирйат-Арбайы (ома Хевроны), Ханааны зӕххыл. Авраам фӕкуыдта, фӕхъарджытӕ кодта Саррӕйыл.


Исаак Йаковы ауагъта, ӕмӕ уый араст ис Паддан-Араммӕ, арамейаг Бетуелы фырт Лаванмӕ — Йаков ӕмӕ Исавы мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ.


сӕргъӕвта йе ’ппӕт мулк, ахъӕр кодта, Паддан-Арамы кӕй самал кодта, уыцы фосыл ӕмӕ араст ис йӕ фыд Исаакмӕ, Ханааны зӕхмӕ.


Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ. Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ,


Йаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ фыдӕлты размӕ, цӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хеттаг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым.


Уый фӕстӕ Давид фарста Дунедарӕджы: «Цы кӕнон? Иудӕйы сахартӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу». Давид бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ».


Давид Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн Хевроны паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы.


Йемӕ акодта йӕ адӕмы дӕр сӕ бинонтимӕ. Хеврон ӕмӕ йӕ алфамбылай сахарты ӕрцардысты.


Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ иууылдӕр ӕрцыдысты Давидмӕ Хевронмӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ туг, де стӕг стӕм мах.


Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой.


Хевроны авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы паддзахиуӕг кодта Иудӕйӕн, Йерусалимы та — ӕппӕт Израил ӕмӕ Иудӕйы — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы.


Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Йешуа Иефоннейы фырт Калевӕн Иудӕйы байзӕддӕгты ’хсӕн радта хай: Кирйат-Арба — Анакы фырт Арбайы сахар (ома Хеврон).


Радтой сын Анакы фыд Арбайы сахар — Кирйат-Арба (ома Хеврон), Иудӕйы хохыл, ӕмӕ сахарӕн йӕ алыварс сӕрвӕттӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan