24 Рахелы лӕппутӕ: Йосеф ӕмӕ Бениамин.
Ӕрмӕст сын Йаков Йосефы ӕфсымӕр Бениамины, исты йыл куы ӕрцӕуа, зӕгъгӕ, семӕ нӕ рауагъта.
Йосеф сыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ йе ’фсымӕр, йӕ мады зӕнӕг Бениамины куы ауыдта, уӕд сӕ бафарста: «Уый, кӕй кой мын кодтат, уӕ уыцы кӕстӕр ӕфсымӕр у?» Ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы хорзӕх дӕ уӕд, мӕ хъӕбул!»
Йосеф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Бениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Йосефимӕ.
Йосефы байзӕддӕгтӕм халӕппӕрстӕй цы зӕххытӕ ӕрхауди, уыдоны хуссайраг арӕн скӕсӕны райдыдта Йерихоны акомкоммӕ Иорданӕй, Йерихоны суадӕттӕй. Йерихоны рӕбынты ныгуылӕнӕрдӕм ӕдзӕрӕг быдырыл схызти Вефилы хӕхбӕстӕм,
Фыццаг схаудта Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хал. Йӕ зӕххыты хай уыди Иудӕйы байзӕддаджы ӕмӕ Йосефы байзӕддаджы зӕххыты ’хсӕн.
Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты, ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, — уӕ фӕдыл рацыдысты, Бениамины фӕдонтӕ! Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ, фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.
Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!