Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 35:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

23 Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 35:23
33 Iomraidhean Croise  

Ныр Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы, хистӕр — Леа, кӕстӕр та — Рахел.


Дунедарӕг федта, Йаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахел та разынд ӕнӕзӕнӕг.


Разӕй уыдысты номылустытӕ сӕ цотимӕ, уыдоны фӕстӕ — Леа йӕ цотимӕ, се ’ппӕты фӕстӕ та — Рахел ӕмӕ Йосеф.


Рувим, ды мӕ хистӕр зӕнӕг, мӕ тых дӕ, мӕ нӕлгоймаджы хъаруйы фыццаг ӕнтыст ды дӕ, дӕ кад, дӕ хъомысӕн ӕмбал нӕй.


Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — авд мин сӕдӕ ӕхсарджын хӕстоны.


Израилы хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ: Рувимы байзӕддӕгтӕн — Зихрийы фырт Елиезер; Симеоны байзӕддӕгтӕн — Маахайы фырт Шефати;


Мысыры бӕстӕм Йаковимӕ, йӕ иннӕ ном — Израил, ӕрбацыдысты (алчи ӕд бинонтӕ) йӕ фырттӕ:


Мӕнӕ сахары кулдуӕрттӕ, ис сын Израилы хӕдзарвӕндӕгты нӕмттӕ. Цӕгатӕрдыгӕй — ам сахары дӕргъ у цыппар мины ӕмӕ фондзсӕдӕ ӕлмӕрины — ис ӕртӕ кулдуары: Рувимы кулдуар, Иудӕйы кулдуар ӕмӕ Левийы кулдуар.


Рувимы, Израилы хистӕр фырты байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.


Мӕнӕ, ӕххуыс уын чи кӕндзӕн, уыцы адӕймӕгты нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй — Елицур, Шедеуры фырт;


Фыццаг уал, къорд къорды фӕдыл, араст ис Иудӕйы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Нахшон, Аминадавы фырт.


Ӕмӕ йын Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ Параны ӕдзӕрӕг быдырӕй Моисей разӕй лӕгтӕ арвыста, се ’ппӕт дӕр — израилӕгты фӕтӕгтӕ.


Разӕй, скӕсӕнӕрдыгӕй, хъуамӕ йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕна Иудӕйы ӕфсад; Иудӕйы байзӕддӕгты фӕтӕг — Нахшон, Аминадавы фырт.


Рувим — Израилы хистӕр фырт; Рувимы байзӕддӕгтӕ: Ханохӕй — Ханохы хӕдзарвӕндаг, Паллуйӕ — Паллуйы хӕдзарвӕндаг,


Мӕнӕ уыцы лӕгты нӕмттӕ: Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — Калев, Иефоннейы фырт.


Фыццаг бон йӕ хуынимӕ ӕрбалӕууыди Нахшон, Аминадавы фырт, Иудӕйы мыггагӕй.


Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаакӕн райгуырд Йаков, Йаковӕн та — дыууадӕс фырты, нӕ рагфыдӕлтӕ.


Уыцы бон Моисей бафӕдзӕхста адӕмӕн:


Ма амӕлӕд Рувим, цӕрӕд, йӕ байзӕддӕгтӕ чысыл ма уӕнт!


Рувимы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн Моисей радта мӕнӕ ацы зӕххытӕ:


Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕм цы зӕхх ӕрхауди халӕппӕрстӕй, уый Едомы ныгуылӕнвӕрсты цыди Цины ӕдзӕрӕг быдыры хуссайраг арӕны онг.


Дыккаг схаудта Симеоны хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хал. Йӕ зӕххыты хай уыдис Иудӕйы байзӕддаджы зӕххыты ’хсӕн.


Ӕртыккаг схаудта Зевулоны байзӕддӕгты хал — мыггаггай. Сӕ зӕххы хай хӕццӕ кодта Сариды онг.


Цыппӕрӕм схаудта Иссахары байзӕддӕгты хал мыггаггай.


Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Левийы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;


Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты, ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, — уӕ фӕдыл рацыдысты, Бениамины фӕдонтӕ! Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ, фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.


Иссахары фӕтӕгтӕ дӕр — Деворӕимӕ! Иссахар Баракы фӕдыл дӕлвӕзмӕ куы ныййарц! Рувимы фӕдонтӕ та хъаугъа куы кӕнынц!


Мӕлӕты размӕ бырстой Зевулоны фӕдонтӕ, семӕ Неффалим дӕр — быдыры къуыбыртыл!


Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan