Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 34:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Йаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыдтой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты. Сӕ маст фыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем бакодта ӕнаккаг ми — Йаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Йаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыдтой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты. Сӕ маст фыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем бакодта ӕнаккаг ми — Йаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 34:7
27 Iomraidhean Croise  

Стӕй Авимелех фӕсидт Аврааммӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Уый нын цы бакуыстай? Уагӕр цӕмӕй фӕазымджын дӕн дӕ разы — мӕн дӕр ӕмӕ мын мӕ паддзахад дӕр цӕмӕн баппӕрстай стыр тӕригъӕды? Куыд не ’мбӕлы, ахӕм ӕвирхъау митӕ мын бакодтай».


Йаковимӕ баныхас кӕнынмӕ ’рбацыди Шехемы фыд Хамор.


Хамор сӕм бахатыди: «Мӕ фырт Шехемы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди уӕ чызг, ӕмӕ йын ӕй, уӕ хорзӕхӕй, раттут.


Уырдӕм йемӕ ӕркодта йӕ цот ӕмӕ йӕ цоты цоты — йе ’ппӕт байзӕддӕгты.


Хабар фехъусгӕйӕ, паддзах Давид тынг смӕсты ис, фӕлӕ йӕ фырт Амноны зӕрдӕхудты нӕ бацыди, уымӕн ӕмӕ йӕ фыццаг зӕнӕг уыд ӕмӕ йӕ уарзта.


О Дунедарӕг, ссӕндынц Дын Дӕ адӕмы, ӕфхӕрынц сӕ,


хуымӕтӕг адӕмы астӕу, фӕсивӕды ’хсӕн, иу ӕнӕзонд лӕппуйы бафиппайдтон.


Уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы цъаммар митыл бафтыдысты: кӕйдӕр устытимӕ хъахбай митӕ кодтой, Ӕз сын нӕ бафӕдзӕхстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой. Ӕппӕт уыдӕттӕ Ӕз зонын, Мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр, сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бафиппайдтой, афтӕмӕй ӕнӕбары тӕригъӕды куы бацӕуой, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты куы ахизой, куы фӕазымджын уой


цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: «Исчи Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна,


Адӕмӕй исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, куы фӕазымджын уа


Нӕхи бахизӕм хӕтынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ хӕтыныл куыд бафтыдысты, афтӕ. Уый тыххӕй дзы иу бонмӕ ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз мины фӕмард.


Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бацӕуы, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы.


Хӕтынӕн, цавӕрфӕнды чъизи мийӕн ӕмӕ кӕрӕфӕн уӕм хъуамӕ сӕ кой дӕр ма уа — сыгъдӕджытӕн афтӕ не ’мбӕлы.


Йӕ ныхӕстӕ ӕцӕг сты, ӕмӕ йӕ бинойнаг бӕлвырдӕй чызг нӕ разынди, зӕгъгӕ,


уӕд та сахары цӕрджытӕ сылгоймаджы йӕ фыды хӕдзары дуармӕ дурты бын фӕкӕнӕнт: фӕхудинаг кодта Израилы, йӕ фыды хӕдзары хъахбай митӕ кодта. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Израилаг сылыстӕгӕй хъахбай мачи уӕд, израилаг нӕлгоймӕгтӕй кувӕндоны хъахбай мачи уӕд!


Уӕдӕ амарут уӕ мидӕг, уӕ зӕххон ӕрдзыхъӕдӕй уӕм цы ис, уыдон: хӕтын, чъизи митӕ, ӕлгъаг монцтӕ, кӕрӕфдзинад, уымӕн ӕмӕ уый мӕнгхуыцаумӕ кувынӕй уӕлдай нӕу.


Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ.


Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Ме ’фсымӕртӕ, уый хъуамӕ афтӕ ма уа.


Ӕлгъыстаг дзаума кӕмӕ разына, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ исбон дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕд, Дунедарӕджы бадзырды сӕрты кӕй ахызт ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕлгъаг хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй».


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Ӕз ын йӕ мард дыууадӕс дихы акодтон ӕмӕ хӕйттӕ Израилы алы зылдмӕ дӕр арвыстон. Израилы тынг чъизи ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддаг ӕрцыди!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan