Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 34:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Йаков фехъуыста, йӕ чызг Динӕ кӕй фегад ис, уый, фӕлӕ уыцы рӕстӕг йӕ фырттӕ быдыры фос хызтой, ӕмӕ се ’рбацыдмӕ иу дзырд дӕр не схауди йӕ дзыхӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Йаков фехъуыста, йӕ чызг Динӕ кӕй фегад ис, уый, фӕлӕ уыцы рӕстӕг йӕ фырттӕ быдыры фос хызтой, ӕмӕ се ’рбацыдмӕ иу дзырд дӕр не схауди йӕ дзыхӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 34:5
13 Iomraidhean Croise  

Тӕккӕ уыцы бон Лаван фӕхицӕн кодта гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уыди, уыцы цӕуты; гӕрӕм ӕмӕ, тӕппытӕ кӕуыл уыди, уыцы сӕгъты, ома урс тӕпп дзы кӕуылдӕриддӕр уыди, уыцы цӕутӕ ӕмӕ сӕгъты. Фысты ’хсӕн та сауты фӕхицӕн кодта иннӕтӕй. Фосы йӕ фыртты бар бакодта


Шехем бахатыд йӕ фыд Хамормӕ: «Ацы чызджы мын ракур».


Йаковимӕ баныхас кӕнынмӕ ’рбацыди Шехемы фыд Хамор.


уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».


Авессалом та Амнонӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йын ӕнӕуынон сси, йӕ хо Тамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.


Мӕ Хуыцау! Мӕн фӕнды сӕххӕст кӕнын Дӕ фӕндон, Де ’Гъдау мӕ зӕрдӕйы ис».


Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.


Хистӕр фырт та уыцы рӕстӕг уыди быдыры ӕмӕ, уырдыгӕй ӕрбацӕйцӕугӕйӕ, хӕдзармӕ куы ӕрбахӕстӕг, уӕд фехъуыста фӕндыры зӕлтӕ ӕмӕ кафты уынӕр.


Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: „Ныр дын уал азы цагъары куыст кӕнын, дӕ ныхасы сӕрты никуы ахызтӕн, ды та мын мӕ хӕлӕрттимӕ фӕминас кӕнынӕн сӕныкк дӕр никуы рауӕлдай кодтай.


Фӕлӕ ахӕм цъаммар адӕймӕгтӕ дӕр уыд, афтӕ чи дзырдта: «Ай у махӕн нӕ ирвӕзынгӕнӕг?» Ницӕмӕ йӕ ӕрдардтой ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ дӕр нӕ ракодтой. Фӕлӕ Саул, цыма ницы бафиппайдта, афтӕ йӕхи дардта.


Самуел Йессейы бафарста: «Адон де ’ппӕт цот сты?» Йессей дзуапп радта: «Баззад ма кӕстӕр. Ныртӕккӕ фыстӕ хизы». Самуел ын бафӕдзӕхста: «Арвит ӕм. Цалынмӕ уый ӕрбацӕуа, уӕдмӕ фынгыл не ’рбаддзыстӕм».


Давид та-иу Саулӕй ацыд Вифлееммӕ, йӕ фыды фыстӕ хизынмӕ, стӕй та-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan