Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 34:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Йаковы чызг Динӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Йаковы чызг Динӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди, бауарзта йӕ ӕмӕ йыл рӕвдауӕн ныхӕстӕй узӕлыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 34:3
11 Iomraidhean Croise  

Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта.


Шехем бахатыд йӕ фыд Хамормӕ: «Ацы чызджы мын ракур».


Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сабиты дӕр дардзынӕн». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Йосеф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.


Рацу ӕмӕ дӕ ныхасӕй дӕ цагъарты зӕрдӕ фӕлӕууын кӕн. Дунедарӕгӕй дын ард хӕрын, куынӕ рацӕуай, уӕд дӕм ахсӕв иунӕг лӕг дӕр нал баззайдзӕн, ӕмӕ дын уый, ӕвзонгӕй нырмӕ дыл цы бӕллӕхтӕ ӕрцыди, ӕппӕт уыдонӕй дӕр фыддӕр уыдзӕн».


Езекиа левиттӕн се ’ппӕтӕн дӕр арфӕтӕ ракодта, Дунедарӕгӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Уыдон къуырийы дӕргъы кусӕртты дзидзайӕ хордтой, фидыды нывӕндтӕ хастой ӕмӕ кад кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн.


Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»


Уымӕ гӕсгӕ йӕ Ӕз ныр Мӕхӕдӕг ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахондзынӕн, фӕлмӕн ныхас кӕндзынӕн йемӕ.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — ды Мӕн схондзынӕ дӕ сӕрыхицау, мӕ Хицау, зӕгъгӕ, нал дзурдзынӕ Мӕнмӕ.


Левит йемӕ ракодта йӕ лӕггадгӕнӕджы, стӕй дыууӕ хӕрӕджы ӕмӕ йӕ номылусмӕ бӕрӕггӕнӕг ацыди. Йӕ зӕрды уыди сылгоймагӕн балӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕха. Номылус левиты йӕ фыды хӕдзармӕ бахуыдта. Уый йӕ, цингӕнгӕ, суазӕг кодта


Чындзытӕ та ногӕй нырдиаг кодтой ӕмӕ ныккуыдтой. Орпа аба кодта йе ’фсинӕн ӕмӕ аздӕхти йӕ адӕммӕ, Руф та баззади йемӕ.


Давид Саулимӕ куы ныхас кодта, уӕд Ионатаны зӕрдӕмӕ фӕцыди, йӕхи удау ӕй бауарзта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan