Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 34:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Ӕртыккаг бон, сунӕтгӕндтӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты, афтӕ Йаковы дыууӕ фырты Симеон ӕмӕ Левий, Динӕйы ӕфсымӕртӕ, райстой фӕйнӕ карды, ӕнӕкъуылымпыйӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ ныццагътой нӕлгоймӕгты иууылдӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

25 Ӕртыккаг бон, сунӕтгӕндтӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты, афтӕ Йаковы дыууӕ фырты Симеон ӕмӕ Левий, Динӕйы ӕфсымӕртӕ, райстой фӕйнӕ карды, ӕнӕкъуылымпыйӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ ныццагътой нӕлгоймӕгты иууылдӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 34:25
10 Iomraidhean Croise  

Кардӕй амардтой Хаморӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фырт Шехемы дӕр, стӕй Шехемы хӕдзарӕй Динӕйы ракодтой ӕмӕ рацыдысты.


Фӕлӕ Езекиа уыцы хорзӕхӕн аккаг аргъ не скодта, уымӕн ӕмӕ йӕхиуыл ӕгӕр фервӕссыд. Ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕхи дӕр, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы дӕр Дунедарӕджы азар баййӕфта.


Уыдон исты фыдбылыз куынӕ саразой, уӕд сыл ӕхсӕв хуыссӕг нӕ хӕцы, искӕмӕн знаггад куынӕ ракӕной, уӕд ӕхсӕвыгон фынӕй нӕ кӕнынц.


Уӕдӕмӕ амарут, нӕлгоймаджы мыггагӕй дзы цыдӕриддӕр сабитӕ ис, уыдоны ӕмӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи ӕрцыд, уыцы сылгоймӕгтӕй алкӕй дӕр амарут.


Схӕцыдысты мидианӕгтимӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ ӕмӕ дзы нӕлгоймагӕй чидӕриддӕр уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой.


Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуаджы цардӕй фӕцардысты дыууиссӕдз азы бӕрц, цалынмӕ Мысырӕй рацӕуӕг хӕстхъом адӕм иууылдӕр амардысты, уӕдмӕ. Уыдон Дунедарӕджы коммӕ нӕ кастысты, ӕмӕ Дунедарӕг расомы кодта, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары ӕмӕ йӕ раттынӕй сӕ фыдӕлтӕн ард кӕй тыххӕй бахордта, уыцы зӕхх кӕй нӕ фендзысты.


Адӕм се ’ппӕт сунӕтгонд куы ’рцыдысты, уӕд рӕсӕнуаты баззадысты, цалынмӕ сдзӕбӕх сты, уӕдмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan