Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 34:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Загътой сын: «Нӕ бон уый бакӕнын нӕу. Худинаг у махӕн нӕ хойы ӕнӕсунӕт лӕджы фыццаг скӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Загътой сын: «Нӕ бон уый бакӕнын нӕу. Худинаг у махӕн нӕ хойы ӕнӕсунӕт лӕджы фыццаг скӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 34:14
16 Iomraidhean Croise  

Сунӕт кӕнут уӕхицӕн — уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фидыды нысан.


Сунӕтгонд цы нӕлгоймаг не ’рцӕуа, уый та йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд».


Йаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы.


Уемӕ ӕрмӕст уӕд сразы уыдзыстӕм, мах хуызӕн куы суат — уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмхуызонӕй куы ӕрцӕуой сунӕтгонд.


Ма йӕ ской кӕнут Гаты, ма йӕ ахъӕр кӕнут Ашкелоны уынгты, цӕмӕй филистимаг чызджытӕ ма бацин кӕной — ӕнӕсунӕтты чызджытӕ ма ферайой.


Цыппар азы фӕстӕ Авессалом паддзахӕн загъта: «Хевронмӕ ацӕуын мӕ фӕнды, Дунедарӕджы раз цы сомы ракодтон, уый сӕххӕст кӕнынмӕ.


Йӕ фыстӕджыты фыста афтӕ: «Ком дарӕн бон расидут! Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы ӕмӕ сын Навоты сбадын кӕнут сӕ уӕле, кадджын бынаты.


Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд Йосифмӕ фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Сыст уӕлӕмӕ, Сывӕллоны Йӕ мадимӕ демӕ акӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн Мысырмӕ. Цалынмӕ дын зӕгъон, уӕдмӕ-иу уым лӕуу, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».


Ӕмӕ сӕ Вифлееммӕ куы ӕрвыста, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ Сывӕллоны тыххӕй бӕлвырд базонут. Куы Йӕ ссарат, уӕд мӕм фӕхабар кӕнут, цӕмӕй ӕз дӕр ацӕуон ӕмӕ Йӕм бакувон».


Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл.


Фӕлӕ йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад загътой: «Ау, нӕ мыггаг ӕмӕ нӕ адӕмы ’хсӕн сылгоймӕгтӕ нал ис? Ӕнӕсунӕт филистимӕгтӕй ус ракурын цӕмӕн сфӕнд кодтай?» Самсон дзуапп радта: «Ракурут мын уыцы чызджы, мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди».


Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл».


Давид йӕ цуры лӕуджыты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы фидистӕй чи бахиза, уымӕн цавӕр хорзы бацыдӕуыдзӕн? Чи у, чи, уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, цы фидистӕ кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн?»


Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan