Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 34:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Йаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Йаковы фырттӕ Шехем ӕмӕ йӕ фыд Хаморӕн радтой хин дзуапп, уымӕн ӕмӕ сын Шехем фегад кодта сӕ хо Динӕйы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 34:13
17 Iomraidhean Croise  

Загътой сын: «Нӕ бон уый бакӕнын нӕу. Худинаг у махӕн нӕ хойы ӕнӕсунӕт лӕджы фыццаг скӕнын.


Сымах та мӕ дзӕбӕх кӕнут мӕнгдзинадӕй, уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг хосгӕнджытӕ!


Уӕ сайӕн ныхӕстӕ Хуыцауы кӕм хъӕуынц, ау, Уый сӕраппонд сайгӕ кӕндзыстут?


Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?


Ӕнӕхуыцау йӕ сайӕн ныхӕсты ныссуйтӕ уыдзӕн, рӕстуд та фыдбылызӕй фервӕздзӕн.


Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам, мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам, нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам; гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм, мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.


Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.


ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Зӕгъут афтӕ: „Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Йӕ ӕхсӕвы, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд адавтой“.


Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Сыгъдӕг Фысты зӕгъы: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн».


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ.


Самсон загъта: «Ныр филистимӕгтӕн сар сӕ сӕр кӕны, ӕмӕ аххосджын дӕр сӕхӕдӕг сты. Ӕз сын, цы хъӕуа, уый бацамондзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan