Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 33:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы федта, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Йаков дзуапп радта: «Хуыцау дӕ цагъарӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы федта, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Йаков дзуапп радта: «Хуыцау дӕ цагъарӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 33:5
9 Iomraidhean Croise  

Йаков рамӕсты ис Рахелмӕ: «Дӕуӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Уый дын Хуыцау нӕ дӕтты цот».


Уалынмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрбахӕццӕ сты номылустытӕ ӕмӕ ныллӕг акуывтой Исавӕн.


Йосеф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Мӕ фырттӕ, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон». Йаков ын загъта: «Ӕрбакӕ-ма сӕ, ӕмӕ сын арфӕ ракӕнон».


Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы.


Дӕ бинойнаг дӕ хӕдзары мидӕг зад сӕнӕфсир бӕласау — зӕнӕгджын, дӕ фынджы алыварс дӕ фырттӕ — оливӕ бӕласы ӕвзартау.


Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.


Ӕмӕ ноджыдӕр: «Ӕз Ыл Мӕ зӕрдӕ дардзынӕн». Ӕмӕ ноджыдӕр: Мӕнӕ Ӕз Мӕхӕдӕг ӕмӕ, «Хуыцау Мын кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ».


Боаз ракуырдта Руфы. Ӕмуат ӕрцыдысты, ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндӕй Руф банхъӕлцау, лӕппу йын райгуырди.


Мӕнӕ Йӕм ацы сабийы тыххӕй куывтон, ӕмӕ мын ӕй Дунедарӕг радта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan