Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 33:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Исав загъта: «Уӕд та дӕм, цӕй, мӕ адӕмӕй иу къорд лӕджы ныууадзон». Фӕлӕ Йаков не сразы: «Цӕмӕн? Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ дӕн, ме ’лдар».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Исав загъта: «Уӕд та дӕм, цӕй, мӕ адӕмӕй иу къорд лӕджы ныууадзон». Фӕлӕ Йаков не сразы: «Цӕмӕн? Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ дӕн, ме ’лдар».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 33:15
8 Iomraidhean Croise  

Минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йаковӕн загътой: «Де ’фсымӕр Исавмӕ дын бахӕццӕ стӕм, ӕмӕ, йемӕ цыппарсӕдӕ лӕджы, афтӕмӕй дӕ размӕ рацӕуы».


Тӕккӕ уыцы бон Исав фӕстӕмӕ аздӕхти Сеирмӕ,


Шехем йӕхӕдӕг та чызджы фыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн загъта: «Кӕд мыл баввӕрсат, уӕд уын бафиддзынӕн, цыдӕриддӕр зӕгъат, уый. Ӕрцагурут тӕккӕ стырдӕр ирӕд ӕмӕ лӕвӕрттӕ, ӕрмӕст мӕ ӕнӕ дзуаппӕй ма арвитут».


Уыдон загътой: «Ды нӕ фервӕзын кодтай! Хорздзинад нын дӕ цӕст бауарзта, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ уыдзыстӕм фараоны цагъартӕ».


Паддзах Цивайӕн загъта: «Уӕдӕ Мефивошеты мулк иууылдӕр дӕу фӕуӕд». Цива йын дзуапп радта: «Ныллӕг дын кувын. Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, мӕ бардарӕг, паддзах!»


Руф загъта: «Бӕргӕ, амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ хорзӕхӕй хайджын куы разынин, ме ’лдар! Ныфсытӕ мын бавӕрдтай, ӕмӕ дӕ ныхӕстӕй дӕ цагъары зӕрдӕ барухс, афтӕмӕй та дӕ цагъайрагыл нымад уӕвыны аккаг дӕр нӕ дӕн».


Аннӕ загъта: «Дӕ хорзӕхӕй хайджын куы фӕуаид дӕ цагъар!» Сӕхимӕ рацыди, хӕринаг бахордта ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕрхӕндӕг нал уыд.


Де ’ххуырстыты бафӕрс, ӕмӕ дын ӕй зӕгъдзысты. Гъемӕ мын ды дӕр мӕ лӕппутӕм хорз цӕстӕй ракӕс, уымӕн ӕмӕ дӕм фарны бон ӕрбацыдыстӕм. Ратт, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъартӕ ӕмӕ дӕ фырт Давидӕн, дӕ къух цы амоны, уый“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan