Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 33:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фӕлтау, ме ’лдар, ды, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъары разӕй ацу, ӕз та дӕ фӕстӕ — сындӕггай, мӕ разӕй фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд фӕразой, афтӕ, цалынмӕ дӕм, ме ’лдар, Сеирмӕ бахӕццӕ уон, уӕдмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Фӕлтау, ме ’лдар, ды, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъары разӕй ацу, ӕз та дӕ фӕстӕ — сындӕггай, мӕ разӕй фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд фӕразой, афтӕ, цалынмӕ дӕм, ме ’лдар, Сеирмӕ бахӕццӕ уон, уӕдмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 33:14
13 Iomraidhean Croise  

Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм.


Бафӕдзӕхста сын: «Ме ’лдар Исавӕн-иу зӕгъут, дӕ цагъар Йаков афтӕ зӕгъы: „Ӕз ныронг цардтӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл, Лаванмӕ.


Йаков ын дзуапп радта: «Сывӕллӕттӕ лӕмӕгъ сты, уый зоныс, ме ’лдар. Мӕ ногзад фыстӕ ӕмӕ хъуццытыл дӕр тыхсын: куы сӕ атӕрон, уӕд иу бонмӕ фӕцагъды уыдзысты иууылдӕр.


Ӕмӕ ныр фӕзындысты аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕ, кӕддӕр израилӕгтӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ Ды кӕй зӕххытӕм бацӕуын нӕ бауагътай, ӕмӕ сӕ иувӕрсты кӕмӕн ацыдысты, стӕй кӕй нӕ ныццагътой, уыдон.


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Моав ӕмӕ Сеир фидистӕгӕнгӕ афтӕ кӕй дзурынц, иудейӕгтӕ дӕр иннӕ адӕмтӕй ницӕмӕй хуыздӕр сты, зӕгъгӕ,


Ахӕм ӕмбисӕндтӕй сын Йесо, сӕ бон бамбарын цас уыди, уыйас амыдта.


Мах, йӕ уырнындзинад тыхджын кӕмӕн у, уыдон хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи кой ма кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕбонтӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ хӕссын.


Ӕз уӕ хастон ӕхсырӕй, хъӕбӕр хӕринаг та уын нӕ лӕвӕрдтон, йӕ бахӕрын уӕ бон кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ; ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр нӕу уӕ бон йӕ бахӕрын,


Фӕзылдыстӕм уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ фӕндагыл араст кодтам. Бирӕ бонты фӕцыдыстӕм Сеиры хӕхты алфамбылай.


Дунедарӕг! Сеирӕй куы цыдтӕ, Ды куы цыдтӕ Едомы бӕстӕйӕ, — зӕхх ӕнкъуысти, къӕвда уарыди, ӕмӕ мигътӕй лӕдӕрсти дон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan