Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 33:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Йаков дзуапп радта: «Нӕ, кӕд мыл ӕввӕрсыс, уӕд мын мӕ лӕвар айс, дӕ хорзӕхӕй! Дӕ уынд мын Хуыцауы фендау у, хур мыл ракасти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

10 Йаков дзуапп радта: «Нӕ, кӕд мыл ӕввӕрсыс, уӕд мын мӕ лӕвар айс, дӕ хорзӕхӕй! Дӕ уынд мын Хуыцауы фендау у, хур мыл ракасти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 33:10
19 Iomraidhean Croise  

Ды Дӕ цагъары скодтай Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн.


Йаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн.


Айс, дӕ хорзӕхӕй, мӕ лӕвар. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис». Йаков ӕм тынг бахатыд, ӕмӕ уӕд уый дӕр уӕлдай ницыуал загъта.


Исав загъта: «Мӕнмӕ бирӕ ис, ме ’фсымӕр. Дӕхион дӕхицӕн уадз».


Иудӕ йын загъта: «Уыцы лӕг нын цӕхгӕр бафӕдзӕхста, уе ’фсымӕр уемӕ куынӕ уа, уӕд мӕм уӕхи ма равдисут, зӕгъгӕ.


Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,


Саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд Йосеф бахатыди фараоны галуаны адӕммӕ: «Кӕд мын уыцы хорз ракӕнын уӕ бон у, уӕд уӕ курын, ӕмӕ фараонӕн мӕ номӕй зӕгъут:


Фӕлӕ паддзах загъта: «Йӕ хӕдзармӕ цӕуӕд, йӕхи мын ма фенын кӕнӕд». Афтӕмӕй Авессалом йӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхти, фӕлӕ йын паддзахы размӕ фӕндаг нӕ уыд.


Авессалом Йерусалимы фӕци дыууӕ азы, фӕлӕ нырма паддзахы нӕ федта.


Авессалом ын загъта: «Ӕз дӕм ӕрвыстон, цӕмӕй мӕм ӕрбацӕуай ӕмӕ дӕ паддзахмӕ барвитон ӕмӕ йын мӕ номӕй зӕгъай: „Цӕмӕн, зӕгъ, ӕрбаздӕхтӕн ӕз Гешурӕй? Фӕлтау уым куы баззадаин! Паддзахы куы фенин, уый мӕ фӕнды. Кӕд мӕм исты азым ис, уӕд мӕ амарӕд“».


«Хорз, — дзуапп ын радта Давид, — сараздзынӕн. Ӕрмӕст дӕ иу хъуыддаг курын: дӕхи мын ма фенын кӕн, Саулы чызг Мелхолӕйы мын демӕ куынӕ ӕрбахонай, уӕд».


Хуыцау ын йӕ куывд айсдзӕн, Йе ’ргом ӕм раздахдзӕн, йӕ рӕстдзинады тыххӕй йын Йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн.


Уӕнгсастау дӕн, ӕмӕ мыл мӕ фыдгултӕ худынц: «Кӕм ис дӕ Хуыцау?»


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кардӕй чи аирвӕзт, уыцы адӕм хорзӕх ссардтой ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ басабыр кӕндзынӕн Израилы».


Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.


Йӕ цӕсгом Ын фендзысты, ӕмӕ Йӕ ном фыст уыдзӕни сӕ тӕрныхтыл.


Руф йӕ разы ӕрзоныг кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Уагӕр дын уый бӕрц цӕмӕй балхӕдтон дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ, кӕд ӕндӕрбӕстаг дӕн, уӕддӕр мӕм де ’ргом раздахай?»


Давид ард бахордта ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд, бӕгуыдӕр, зоны, хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн фӕзӕгъы: „Ионатан мацы базонӕд, науӕд ын хъыг уыдзӕни“. Фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй: мӕ цард ӕрдуйыл хӕцы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan