Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 32:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Йаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 32:9
20 Iomraidhean Croise  

Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».


Ӕз Вефилы Хуыцау дӕн, уаз дуры цъуппыл оливӕйы сой ӕруадзгӕйӕ Мын сомы кӕм ракодтай, уыцы Вефилы Хуыцау. Ныр ӕвӕстиатӕй ацу ацы зӕххӕй ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕм“».


Мӕ бон у ӕмӕ уӕ бафхӕрон, фӕлӕ мын дысон уӕ фыды Хуыцау ныффӕдзӕхста, Йаковмӕ мацы сдзур, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг Йаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ, дӕ хионтӕм. Ӕз уыдзынӕн демӕ».


Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куынӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕгӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».


Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Йаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй.


Загъта: «Исав йӕхи иу рӕсӕныл куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы ныддӕрӕн кӕна, уӕддӕр, иннӕ рӕсӕны чи уа, уыдон алидздзысты ӕмӕ фервӕздзысты».


Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл, Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд: уӕларвы ’ртах ӕмӕ, зӕххы бын цы дон ис, уымӕй, дӕ хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, дӕ байзӕддаг бирӕ-бирӕ цы бауа.


О нӕ Хуыцау! Дӕхӕдӕг сын тӕрхонгӕнӕг фӕу! Уымӕн ӕмӕ махмӕ хъару нӕй уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдты ныхмӕ ӕрлӕууынӕн. Ницыуал зонӕм нӕ сӕрӕн, Дӕумӕ у нӕ каст!»


ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, нӕ фыдӕлты Хуыцау! Уӕлӕрвтӕн дӕр ӕмӕ алы паддзахадӕн дӕр сӕ Хуыцау Ды куы дӕ! Хъару ӕмӕ хъомыс Дӕумӕ куы сты! Дӕ ныхмӕ ӕрлӕууын куы никӕй бон у!


Фӕлӕ паддзах Езекиа ӕмӕ пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕххуысагур сдзынӕзтой уӕларвмӕ,


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Ӕз дӕ фыдӕлты Хуыцау дӕн — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта: нӕ уӕндыди Хуыцаумӕ кӕсын.


Ӕлхӕды ӕвдисӕндартӕ Нериайы фырт Барухмӕ радтон ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтон:


Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan