Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 32:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Тынг фӕтарст Йаков. Йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, ӕмӕ йӕ адӕмы, йӕ лыстӕг фос, йе стурвос ӕмӕ йӕ теуаты адих кодта дыууӕ рӕсӕнуатыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Тынг фӕтарст Йаков. Йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, ӕмӕ йӕ адӕмы, йӕ лыстӕг фос, йе стурвос ӕмӕ йӕ теуаты адих кодта дыууӕ рӕсӕнуатыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 32:7
22 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ мӕ ме ’фсымӕр Исавы фыдӕхӕй бахиз! Тӕрсын, куы ’рбацӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мӕ цоты дӕр сӕ мадӕлтимӕ.


Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм.


Загъта: «Исав йӕхи иу рӕсӕныл куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы ныддӕрӕн кӕна, уӕддӕр, иннӕ рӕсӕны чи уа, уыдон алидздзысты ӕмӕ фервӕздзысты».


Йаков кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ Исав цыппарсӕдӕ лӕгимӕ ӕрбацӕуы. Уӕд Леайы, Рахелы ӕмӕ дыууӕ номылусы хицӕнтӕй ӕрлӕууын кодта, алкӕй дӕр — йӕхи сывӕллӕттимӕ.


Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Вефилмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн».


Арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, Хуыцау, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!


Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕм ис? Йӕ паддзахы бадӕн бӕрзонд у,


Мӕ уд мӕ мидӕг бастади, мӕ зӕрдӕ бандзыг ис.


Ӕрмӕстдӕр мын Хуыцау ратты ӕнцой, Уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн.


Фараоны куы суыдтой израилӕгтӕ, уӕд бамбӕрстой, мысырӕгтӕ сӕ ӕрбасурынц, уый. Тынг старстысты ӕмӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой.


Дӕ дардмӕуынӕг зонд дӕ хъахъхъӕндзӕн, дӕ зонд-иу дӕ бахиздзӕн.


Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у, Уый йын амоны хуым кӕныны фӕтк.


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».


Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.


Уый махӕн нӕ ныфс у нӕ алы зындзинады дӕр, цӕмӕй, зынтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та мах лӕууӕм се ’нцой, Хуыцау нӕхицӕн не ’нцой кӕй лӕууы, уый фӕрцы.


Ӕниу, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕстӕ сыгъдӕгӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan