Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 32:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Уалынмӕ хур скаст, ӕмӕ Йаков Пенуелӕй рараст ис. Йӕ синӕй цыди къуылых.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

31 Уалынмӕ хур скаст, ӕмӕ Йаков Пенуелӕй рараст ис. Йӕ синӕй цыди къуылых.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 32:31
19 Iomraidhean Croise  

Агар йемӕ дзурӕг Дунедарӕджы рахуыдта ахӕм номӕй: «Ды дӕ, мӕн Чи уыны, уыцы Хуыцау». Загъта: «Ӕз ам ӕцӕгдӕр федтон, мӕныл Чи ауды, уыцы Хуыцауы».


Боныцъӕхтыл зӕдтӕ Лотмӕ бадзырдтой: «Фӕтагъддӕр кӕн, ӕмӕ дӕ ус ӕмӕ дӕ дыууӕ чызгимӕ цӕугӕут ардыгӕй, науӕд ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ сымах дӕр бабын уыдзыстут».


Хур куыддӕр скаст, афтӕ Лот дӕр бахӕццӕ ис Цоармӕ.


Йӕ бон Йаковы абырсын нӕу, уый куы федта, уӕд ын хӕцгӕ-хӕцын йӕ агъдмӕ февнӕлдта, ӕмӕ лӕгӕн йӕ сины стӕг фелвӕсти.


Хъӕбысӕйхӕцӕг Йаковӕн йӕ сины хӕцъӕфмӕ кӕй февнӕлдта, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ суанг абонмӕ дӕр сины хӕцъӕф нӕ хӕрынц.


Йоровам Ефремы къуылдымтыл рацарӕзта Шехемы сахар ӕмӕ уым ӕрцард. Фӕстӕдӕр уырдыгӕй рацыд ӕмӕ рацарӕзта сахар Пенуел.


Уыдон сӕ нывондаджы ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ райсомӕй сихормӕ Баалмӕ йӕ номӕй хъӕрӕй сидтысты, Баал, фехъус нӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ кувгӕ-кувын сӕ нывондхӕссӕны алыварс гӕппытӕ кодтой ӕмӕ кафыдысты. Фӕлӕ сӕм иу сым дӕр ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуысти.


ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы. Йӕ къӕхты бын уыдис цыдӕр, сапфир-дурӕй астӕрды хуызӕн, арвау сыгъдӕг.


Ӕмӕ Хуыцау Йӕ къух нӕ систа Израилы фӕтӕгтӕм: уыдон федтой Хуыцауы ӕмӕ минас кодтой уыцы ран.


Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»


Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат — сайтаны зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон.


фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.


Ӕмӕ загътат: „Мӕнӕ нын равдыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс. Арты хуылфӕй Йын фехъуыстам Йӕ хъӕлӕс. Абон мах федтам, Хуыцау адӕймагимӕ кӕй дзырдта, ӕмӕ адӕймаг удӕгасӕй кӕй баззади, уый.


Уымӕн ӕмӕ ма искуыдӕр фендӕуыд, цӕмӕй адӕймаг махау удӕгас Хуыцауы хъӕлӕс фехъуса арты хуылфӕй ӕмӕ удӕгасӕй баззайа?


Уӕд Гедеон бамбӕрста, ӕцӕгӕйдӕр Дунедарӕджы зӕд кӕй уыдис, уый, ӕмӕ ныхъхъӕрзыдта: «О Дунедарӕг! Додойаг фӕдӕн! Ӕз лӕгӕй-лӕгмӕ федтон Хуыцауы зӕды!»


Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрсабыр у! Ма тӕрс, нӕ амӕлдзынӕ».


Суккоты сахарӕй Гедеон ацыди Пенуелмӕ ӕмӕ та уым дӕр йӕ хӕстонтӕн хӕринаг куырдта. Пенуелы цӕрджытӕ дӕр ын суккотӕгты дзуапп радтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan