Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 32:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

28 Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 32:28
24 Iomraidhean Croise  

Хуыцау ма Авраамӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ ус Сарӕйы мауал хон Сарӕ, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ йӕ ном уӕд Саррӕ.


Аврам дӕ нал хондзысты, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕнис Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл.


Фӕлӕ йын Йаков дзуапп радта: «Раздӕр уал мын дӕ хистӕрад рауӕй кӕн».


Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»


Ӕмӕ мӕнӕ Йаков иунӕгӕй аззади. Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыдысты суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ.


Уый йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Дзуапп ын радта: «Йаков».


Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел.


Фӕлӕ йӕм Исав базгъордта ӕмӕ йын фӕбатӕ ӕмӕ фӕхъӕбыстӕ кодта, стӕй дыууӕйӕ дӕр ӕмкуыд ныккодтой.


Загъта йын: «Дӕ ном Йаков у, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Йаков нӕ — Израил уыдзӕни дӕ ном!» Афтӕмӕй йыл сӕвӕрдта ном Израил.


ӕмӕ пехуымпар Натаны барвыста, цӕмӕй йыл уый, Дунедарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ, сӕвӕра ном Йедидйа.


Дунедарӕг, Израил уыдзӕни дӕ ном, зӕгъгӕ, кӕмӕн загъта, уыцы Йаковы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ Илийа дыууадӕс дуры райста


Ныронг дӕр Самарийы цӕрджытӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ рагон ӕгъдӕуттӕ. Дунедарӕгӕй нӕ тӕрсынц. Нӕ Йын ӕххӕст кӕнынц Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ амындтытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Уый кӕддӕр Израил ном кӕуыл сӕвӕрдта, уыцы Йаковӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыдон.


Исаак уыдис Авраамы фырт. Исаакы фырттӕ: Исав ӕмӕ Израил.


Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!


Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Гады мыггагӕй — Геуел, Махийы фырт.


Ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодта. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕни Кифӕ» (ома «дур», бердзенагау — Петр).


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


Саул Давидӕн загъта: «Хуыцауӕй арфӕгонд дӕ ды, мӕ хъӕбул Давид! Цӕмӕ бавналай, уый кӕронмӕ бакӕндзынӕ, цы дӕ бафӕнда, уый ӕнӕмӕнг дӕ къухы бафтдзӕн!» Давид ацыд йӕ фӕндагыл, Саул та аздӕхти йӕ бынатмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan