Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 32:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Йаков сыстади, сыстын кодта йӕ дыууӕ усы, сӕ унӕутты, йӕ иуӕндӕс фырты ӕмӕ доны тӕнджыты семӕ Йавочы фаллаг фарсмӕ бахызти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

22 Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Йаков сыстади, сыстын кодта йӕ дыууӕ усы, сӕ унӕутты, йӕ иуӕндӕс фырты ӕмӕ доны тӕнджыты семӕ Йавочы фаллаг фарсмӕ бахызти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 32:22
10 Iomraidhean Croise  

Йаков Лаванӕн загъта: «Мӕ усаджы мын ратт — ныр афон у, ӕмӕ йемӕ бацӕрон».


Афтӕмӕй Йаков йӕ лӕвӕрттӕ разӕй арвыста, йӕхӕдӕг та ӕхсӕвы рӕсӕнуаты баззади.


Фаллаг фарсмӕ бахизын кодта се ’ппӕты дӕр, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уыимӕ.


Фӕлӕ Рахел мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они; йӕ фыд та йӕ схуыдта Бениамин.


Ӕрмӕст аммонӕгты зӕхмӕ хӕстӕг нӕ бацыдыстут сымах — нӕдӕр, Йавочы был цы сахартӕ ис, уыдонмӕ, нӕдӕр хӕхбӕсты сахартӕм, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау нын куыд загъта, афтӕ.


Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн схай кодтон зӕххытӕ Галаадӕй Арноны дон (Арноныл цӕуы сӕ арӕн) ӕмӕ Йавочы доны онг (уыцы доны фале та аммонӕгты зӕхх ис).


Хионтыл, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у.


Амораг паддзах Сигон царди Хешбоны. Йӕ паддзахады зӕххытӕ Арноны донвӕдӕй, Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕххӕссыдысты Йавочы тӕрфы — аммонӕгты арӕны — онг, ахстой Галаады хуссайраг ӕмбис,


Аммонӕгты паддзах Йеффайы минӕвӕрттӕн дзуапп радта: «Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд мын мӕ зӕххытӕ Арнонӕй Йавок ӕмӕ Иорданы онг бацахстой. Ратт мын сӕ фӕстӕмӕ ӕнӕмастӕй!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan