Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 32:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Йаков сӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы рӕсӕнуат!» Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Йаков сӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы рӕсӕнуат!» Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 32:2
17 Iomraidhean Croise  

Давид бахӕццӕ ис Маханаиммӕ. Авессалом дӕр, израилӕгтӕй йемӕ чи уыд, уыдонимӕ бахызт Иорданы фаллаг фарсмӕ.


Неры фырт Авнер Саулы фырт Йевосфеты хӕстонтимӕ Маханаимӕй рацыди ӕмӕ Гивонмӕ йӕ ных сарӕзта.


Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ


Бахуримы сахарӕй дӕр ма ис иу лӕг — Герайы фырт Шими, Бениамины байзӕддаг. Авессаломы заман Маханаимы ’рдӕм куы лыгътӕн, уӕд мӕ тынг ӕлгъыста. Фӕлӕ фӕстӕдӕр фӕсмонгондӕй Иорданы былмӕ мӕ размӕ рацыд, ӕмӕ йын ӕз Дунедарӕгӕй ард бахордтон, нӕ дӕ амардзынӕн, зӕгъгӕ.


Иддойы фырт Ахинадав уыди Маханаимы зылды хицау.


Елисей скуывта: «О Дунедарӕг! Байгом ын кӕн йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ сӕ фена». Дунедарӕг лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта: Елисейы алыварс хох бӕхты ӕмӕ пиллӕттӕ уадзгӕ хӕстон уӕрдӕтты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕны.


Гъе афтӕ ӕрвылбон дӕр цыдысты Давиды фарс рахӕцынмӕ, ӕмӕ йе ’фсад сбирӕ ис, растдӕр Хуыцауы ӕфсадау.


Цуангӕнӕг домбӕйттӕ рыхынц — амӕттаг курынц Хуыцауӕй.


Стаут Ӕй, Йе ’ппӕт зӕдтӕ, стаут Ӕй, Йе ’ппӕт ӕфсӕдтӕ.


Дунедарӕджы цӕуӕнтӕ — уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад, Йӕ фидыд ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытыл Ын фидар чи хӕцы, уыдонӕн.


Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.


Уӕд мын уый загъта: «Цӕмӕн дӕм ӕрцыдтӕн, уый зоныс? Ӕз хъуамӕ аздӕхон ӕмӕ дарддӕр тох кӕнон Персы хъахъхъӕнӕг зӕды ныхмӕ. Уый фӕстӕ та фӕзындзӕн Бердзены хъахъхъӕнӕг зӕд. Фӕлӕ уал дын ӕз, Ӕцӕгады чиныджы цы фыст ис, уыдӕттӕ бамбарын кӕндзынӕн. Уӕ сӕрхъуызой Михаелы йеддӕмӕ сӕ ныхмӕ мӕ фарс чи схӕца, уый нӕй.


Зӕды фарсмӕ ӕваст фегуырди ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад. Уыдон кадджын кодтой Хуыцауы:


Гады хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Рамот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галаады, стӕй Маханаим йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ;


Уый йын дзуапп радта: «Сӕ иу дӕр нӕ. Ӕз Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг дӕн, ӕмӕ уымӕн дӕн ам». Йешуа йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом, бафарста йӕ: «Ме ’лдар йӕ цагъарӕн цы зӕгъдзӕн?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan