Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 32:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 дыууӕсӕдӕ сӕгъы, ссӕдз цӕуы, дыууӕсӕдӕ фысы, ссӕдз фыры,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 дыууӕсӕдӕ сӕгъы, ссӕдз цӕуы, дыууӕсӕдӕ фысы, ссӕдз фыры,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 32:14
13 Iomraidhean Croise  

Йаков сси ӕвӕджиауы бонджын лӕг. Уыди йӕм тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.


Иуахӕмы фосы хъазын афон федтон ахӕм фын: сӕгътимӕ цы цӕутӕ хъазыд, уыдон уыдысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ.


Хуыцау нӕ фыдӕй цы исбон райста, уый ай-гъай мах ӕмӕ нӕ цоты у. Гъемӕ дын Хуыцау куыд загъта, афтӕ кӕн».


Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыды фос байста ӕмӕ сӕ мӕнӕн радта.


Йаков уым бахсӕвиуат кодта, стӕй йе ’ппӕт дзугтӕй йе ’фсымӕр Исавӕн лӕвары хай рахицӕн кодта


дӕс ӕмӕ ссӕдз дуцгӕ теуайы ӕд лӕппынтӕ, дыууиссӕдз хъуджы, дӕс галы, ссӕдз сыл хӕрӕджы, дӕс нӕл хӕрӕджы.


Айс, дӕ хорзӕхӕй, мӕ лӕвар. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис». Йаков ӕм тынг бахатыд, ӕмӕ уӕд уый дӕр уӕлдай ницыуал загъта.


Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.


Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.


Дунедарӕг Иовӕн йӕ дарддӕры царды бонтӕ раздӕры цардӕй арфӕгонддӕр скодта: цыппӕрдӕс мин сӕры йӕм фысвос фӕзынд, ӕхсӕз мины — теуатӕ, мин цӕды — галтӕ, мин сӕры — сыл хӕрджытӕ.


Гӕртам, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у алӕмӕты дур: кӕдӕмфӕнды ма фӕзилӕд, алы ран дӕр — пайда.


Рох уӕ ма уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау: Уый абон дӕр уӕ фыдӕлтимӕ бадзырд нӕ сайы ӕмӕ уын хъару дӕтты, цӕмӕй мулкыл фӕхӕст уат.


Калевы мыггагӕй иу лӕг, йӕ ном — Навал, Маоны сахайраг, йӕ дзугтӕ Кармелы сахары дардта. Тынг хъӕздыг уыд: ӕртӕ мины йӕм фыстӕ уыд, иу мин — сӕгътӕ. Йӕ фыстӕ ӕлвыдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Кармелы уыди. Навалы ус Авигеа — ӕмбаргӕ ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг, Навал йӕхӕдӕг та — фыдзонд ӕмӕ тыхдзырд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan