Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 31:55 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

55 Райсомӕй раджы Лаван йӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ йӕ чызджытӕн фӕбатӕ кодта, раарфӕ сын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхтис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

55 Райсомӕй раджы Лаван йӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ йӕ чызджытӕн фӕбатӕ кодта, раарфӕ сын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхтис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 31:55
18 Iomraidhean Croise  

Ууыл Дунедарӕг Авраамимӕ Йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ ацыди. Авраам дӕр раздӕхт йӕ хӕдзармӕ.


Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын: «Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо! Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!»


Исаак Йаковмӕ басидт, арфӕ йын ракодта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанаг чызджытӕй ма ракур.


Рахелӕн Йосеф куы райгуырд, уый фӕстӕ Йаков Лаванӕн загъта: «Ауадз мӕ гъеныр, ӕмӕ нӕхимӕ, мӕ фыды уӕзӕгмӕ, ацӕуон.


Мӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ мын мӕ чызджытӕн аба кӕныны фадат дӕр куынӕуал радтай. Ӕнӕрхъуыды ми бакодтай ды.


Лаван Йаковӕн загъта: «Мӕнӕ — мӕ чызджытӕ, мӕнӕ — мӕ зӕнӕджы зӕнӕг, мӕнӕ — мӕ фос. Ам цыдӕриддӕр уыныс, уыдон мӕн сты. Фӕлӕ ма ныр цы ракӕнын у мӕ бон мӕ чызджытӕн кӕнӕ, кӕй ныййардтой, уыцы сывӕллӕттӕн?


Фӕлӕ йӕм Исав базгъордта ӕмӕ йын фӕбатӕ ӕмӕ фӕхъӕбыстӕ кодта, стӕй дыууӕйӕ дӕр ӕмкуыд ныккодтой.


Паддзах аба кодта Барзиллайӕн, Хуыцауыл ӕй бафӕдзӕхста, ӕмӕ уый йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. Адӕм иууылдӕр Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызтысты. Ахызти паддзах дӕр


Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?


Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Цы ми мын кӕныс? Ӕз дӕ ме знӕгты ралгъитынмӕ ӕрбакодтон, ды та сын арфӕ кӕныс!»


Бавӕрдта Дунедарӕг Йӕ ныхас Балаамы комы ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн».


Куыд ралгъитон ӕз, Хуыцау кӕй не ’лгъиты, уый? Куыд бабын кӕнон ӕз, Дунедарӕг кӕй нӕ сафы, уый?


Ӕмӕ аздӕхт Балаам йӕ бӕстӕм, Балак та йӕ хӕдзармӕ ацыд.


Фӕлӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, нӕ байхъуыста Балааммӕ, йе ’лгъыст ын арфӕмӕ раздӕхта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уарзы сымах.


Дунедарӕг Йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕни, Йӕ цагъартӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕни, сӕ хъару басаст ӕмӕ сӕрибарӕй, цагъарӕй царӕфтыд кӕнынц, уый куы фена, уӕд.


Чындзытӕ та ногӕй нырдиаг кодтой ӕмӕ ныккуыдтой. Орпа аба кодта йе ’фсинӕн ӕмӕ аздӕхти йӕ адӕммӕ, Руф та баззади йемӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan