Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 31:53 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

53 Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Йаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

53 Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Йаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 31:53
20 Iomraidhean Croise  

Терах халдейаг Урӕй араст ис Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Терахы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Хараны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.


Фӕлӕ Аврамы дзуапп уыд: «Ард дын хӕрын Дунедарӕджы, Иууылбӕрзонд Хуыцауы, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы раз:


Сарӕ Аврамӕн загъта: «Ды дӕ аххосджын ме ’фхӕрды. Дӕ хъӕбысы дын ӕй бакодтон, ӕмӕ, куы банхъӕлцау ис, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕн ницӕмӕуал дары. Гъемӕ дын Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг уӕд!»


Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куынӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕгӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».


Ацы дурцӕнд ӕмӕ ацы уаз дур уыдзысты ӕвдисӕн, фыдвӕндимӕ дӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн сӕ фаллаг фарсмӕ, ды дӕр мӕм фыдвӕндимӕ кӕй не ’рбацӕудзынӕ сӕ ацы фарсмӕ.


Израил загъта: «Расомы мын кӕн». Йосеф ын сомы ракодта, ӕмӕ Израил йӕ хуыссӕнуаты скуывта Хуыцаумӕ.


Ӕз дӕ фыдӕлты Хуыцау дӕн — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта: нӕ уӕндыди Хуыцаумӕ кӕсын.


ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд, фараон ӕмӕ нӕ йӕ дӕлдӕртӕн кӕй сӕнӕуынон кодтат, уый тыххӕй! Кард сын радтат сӕ къухмӕ, цӕмӕй нӕ амарой».


Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут.


Йешуа дзыллӕйӕн загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Рагзаманы уӕ фыдӕлтӕ — суанг Авраам ӕмӕ Нахоры фыд Терахы онг — цардысты доны фале ӕмӕ лӕггад кодтой ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн.


Ӕз дӕу ницӕмӕй бафхӕрдтон, ды та мын аразыс фыдбылыз — мӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыдтӕ. Уӕдӕ ныр израилӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты хъаст Дунедарӕг — Тӕрхонгӕнӕг — равзарӕд Йӕхӕдӕг!»


Ӕз ӕмӕ ды цы фидыд сарӕзтам, уымӕн та Дунедарӕг мыггагмӕ ӕвдисӕн».


Мӕ фыды хай! Ӕрбакӕс-ма мӕнӕ мӕ къухы дӕ пӕлӕзы фӕччимӕ. Маргӕ дӕ кӕй нӕ акодтон, фӕлӕ дын ӕрмӕст дӕ фӕччи кӕй ралыг кодтон, уӕд та дӕ уымӕй бауырнӕд, мӕ зӕрдӕйы фыдӕх кӕй нӕй, уый. Дӕ цуры тӕригъӕдджын ницӕмӕй дӕн, ды та мӕн амарыны тыххӕй мӕ фӕдыл зилыс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan