Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 31:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куынӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕгӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

42 Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куынӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕгӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 31:42
22 Iomraidhean Croise  

Уӕд Дунедарӕг ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ.


Ноджыдӕр ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ, гъеныр лӕппу ныййардзынӕ. Сӕвӕр-иу ыл Измаел — Дунедарӕг фехъуыста, фехъуыста дӕ дзыназын.


Агар йемӕ дзурӕг Дунедарӕджы рахуыдта ахӕм номӕй: «Ды дӕ, мӕн Чи уыны, уыцы Хуыцау». Загъта: «Ӕз ам ӕцӕгдӕр федтон, мӕныл Чи ауды, уыцы Хуыцауы».


Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон, ӕмӕ йыл уыцы арфӕ баззайдзӕн».


Леа банхъӕлцау ис, ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Рувим. «Дунедарӕг мын федта мӕ маст, — загъта уый, — ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой».


Уый загъта: „Акӕс-ма, сӕгътимӕ цы цӕутӕ хъазынц, уыдон сты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз федтон, Лаван дын цытӕ кӕны, уый.


Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»


Мӕ бон у ӕмӕ уӕ бафхӕрон, фӕлӕ мын дысон уӕ фыды Хуыцау ныффӕдзӕхста, Йаковмӕ мацы сдзур, зӕгъгӕ.


ӕмӕ сын загъта: «Уӕ фыды уын федтон ӕмӕ бафиппайдтон, раздӕрау мӕм хорз цӕстӕй нал кӕсы, уый. Фӕлӕ мыл мӕ фыды Хуыцау ауды.


Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Йаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй.


Йаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ!


Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Вефилмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн».


Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй. Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ.


Давид сӕ размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мӕм фарнимӕ ӕрбацыдыстут, баххуыс кӕнынмӕ, уӕд уын мӕнӕ мӕ Хуыцауы къух. Кӕд ӕмӕ мӕ, ӕназым дӕн, афтӕмӕй ме знӕгтӕн банымудзинаг стут, уӕд та нӕ фыдӕлты Хуыцау ӕркӕсӕд ӕмӕ уын тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд!»


Ды — ме ’мбӕхсӕн фидар, фыдбылызӕй мӕ хъахъхъӕныс. Фервӕзын мӕ кодтай, ӕмӕ дуне мӕ алыварс байдзаг ис цинӕй.


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Кад кӕнут Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, Уымӕй тӕрсут, Уымӕй стъӕлфут!


Кад ӕмӕ Дын арфӕ кӕнын, мӕ фыдӕлты Хуыцау! Радтай мын хъару ӕмӕ уӕлзонд! Сӕххӕст нын кодтай нӕ курдиат — паддзахы фын нын раргом кодтай».


Куы йӕ сӕрибар кӕнай, уӕд та йӕ афтидармӕй ма ауадз.


Стырзӕд Михаел Моисейы буары тыххӕй хӕйрӕгимӕ куы фӕбыцӕу ис, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, ӕфхӕрӕн ныхас ӕм не скодта, ӕрмӕстдӕр ын загъта: «Хуыцау дын Йӕхӕдӕг бауайдзӕф кӕнӕд!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan