Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 31:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Рахел йӕ фыдӕн афтӕ: «Ма мӕм фӕхӕрам уӕд мӕ хицау, мӕ бон ын сыстын кӕй нӕу, уый тыххӕй: ныртӕккӕ сылгоймаджы низӕй тыхсын». Афтӕмӕй, Лаван йӕ хуыцаугӕндтӕ фӕцагуырдта, фӕлӕ сӕ не ссардта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

35 Рахел йӕ фыдӕн афтӕ: «Ма мӕм фӕхӕрам уӕд мӕ хицау, мӕ бон ын сыстын кӕй нӕу, уый тыххӕй: ныртӕккӕ сылгоймаджы низӕй тыхсын». Афтӕмӕй, Лаван йӕ хуыцаугӕндтӕ фӕцагуырдта, фӕлӕ сӕ не ссардта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 31:35
12 Iomraidhean Croise  

Уыцы рӕстӕг Лаван ацыд йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ, ӕмӕ Рахел радавта йӕ фыды хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ.


Уӕдмӕ Рахел хуыцаугӕндтӕ райста, теуайы саргъыл цы хордзен ӕфтыд уыди, уым сӕ нывӕрдта ӕмӕ йыл ӕрбадти. Лаван ын басгӕрста йӕ цатыры ӕппӕт къуымтӕ, фӕлӕ ницы ссардта.


Йаков рамӕсты ис ӕмӕ Лаванӕн уайдзӕфтыл схӕцыди: «Уӕддӕр цы у мӕ фыдракӕнд, цавӕр тӕригъӕды бацыдтӕн, цӕмӕй гурӕй-гурмӕ мӕ фӕдыл зилай?


Ӕмӕ Вирсави Адониайы тыххӕй паддзах Соломонмӕ бацыд. Паддзах ын фестад, ныллӕг ын акуывта йӕ сӕрӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бадӕны сбадти. Уӕд паддзахы мадӕн дӕр ӕрӕвӕрдтой бадӕн. Уый Соломоны рахизфарс сбадти ӕмӕ загъта:


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.


Сылгоймагӕн йе ’рвылмӕйон туг куы цӕуа, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг. Чи йыл бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


Алчидӕр уӕ нымайӕд йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды, ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Урссӕрӕн-иу сыст ӕмӕ хистӕрӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Ӕз — Дунедарӕг.


Сывӕллӕттӕ, кӕсут уӕ ныййарджыты коммӕ, Дунедарӕг куыд домы, афтӕ.


Цагъартӕ, нымайут уӕ хицӕутты ӕмӕ сын ут коммӕгӕс, стӕй, зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ӕвӕлмас чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ тызмӕгтӕн дӕр.


Афтӕ Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс ӕмӕ йӕ хуыдта йе ’лдар. Кӕд сымах хорз хъуыддӕгтӕ аразут ӕмӕ уыл фӕстӕмӕ ницавӕр тас хӕцы, уӕд Саррӕйы хъӕбултӕ стут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan