Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 31:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Ӕцӕг, дӕ хуыцӕутты кӕмӕ ссарай, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕни! Хиуӕттӕ ӕвдисӕн фӕуӕнт: цыдӕриддӕр мӕм ис, уымӕ ӕркӕс ӕмӕ дӕхион фӕстӕмӕ райс!» Йаков нӕ зыдта, хуыцаугӕндтӕ Рахел кӕй радавта, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

32 Ӕцӕг, дӕ хуыцӕутты кӕмӕ ссарай, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕни! Хиуӕттӕ ӕвдисӕн фӕуӕнт: цыдӕриддӕр мӕм ис, уымӕ ӕркӕс ӕмӕ дӕхион фӕстӕмӕ райс!» Йаков нӕ зыдта, хуыцаугӕндтӕ Рахел кӕй радавта, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 31:32
13 Iomraidhean Croise  

Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм.


ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, уӕ хорзӕхӕй, мацы фыдбылыз саразут.


Мӕ цӕсгом дӕ разы сыгъдӕг кӕй у, уый базондзынӕ, мӕ мыздӕн цы фос равзӕрстон, уый фенынмӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд. Сӕгътӕй гӕрӕм, стӕй тӕппытимӕ чи нӕ разына, фыстӕй та сау чи нӕ уа, уыдон мын-иу давдыл банымай».


Уыцы рӕстӕг Лаван ацыд йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ, ӕмӕ Рахел радавта йӕ фыды хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ.


Лаван йӕ хӕстӕджыты йемӕ ракодта ӕмӕ фӕсте расырдта Йаковы. Авд боны фӕстӕ йӕ Галаады хӕхты баййӕфтой.


Дӕ фыды уӕзӕг фенын дӕ бафӕндыди нӕхъӕцгӕйӕ, ӕмӕ мӕнӕй рацыдтӕ, уый, зӕгъӕм, фӕуӕд афтӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?»


Йаков дзуапп радта Лаванӕн: «Ӕз тарстӕн, дӕ чызджыты мын фӕстӕмӕ куы байсай, уымӕй.


Лаван баджигул кодта Йаковы цатыры, Леайы цатыры ӕмӕ дыууӕ унӕуты цатыры, фӕлӕ ницы ссардта. Леайы цатырӕй куы рацыди, уӕд Рахелы цатырмӕ бахызти.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan