Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 31:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Дӕ фыды уӕзӕг фенын дӕ бафӕндыди нӕхъӕцгӕйӕ, ӕмӕ мӕнӕй рацыдтӕ, уый, зӕгъӕм, фӕуӕд афтӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

30 Дӕ фыды уӕзӕг фенын дӕ бафӕндыди нӕхъӕцгӕйӕ, ӕмӕ мӕнӕй рацыдтӕ, уый, зӕгъӕм, фӕуӕд афтӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 31:30
17 Iomraidhean Croise  

Уыцы рӕстӕг Лаван ацыд йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ, ӕмӕ Рахел радавта йӕ фыды хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ.


Йаков дзуапп радта Лаванӕн: «Ӕз тарстӕн, дӕ чызджыты мын фӕстӕмӕ куы байсай, уымӕй.


Йаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут.


Филистимӕгтӕн сӕ гуымирытӕ уым дзӕгъӕлӕй баззадысты, ӕмӕ сӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм семӕ рахастой.


Уыцы ӕхсӕв Ӕз Мысыры астӕуты ацӕудзынӕн ӕмӕ йын фӕмард кӕндзынӕн йӕ хистӕр фыртты дӕр ӕмӕ йӕ фосы сӕртӕ дӕр. Уый уыдзӕн Мӕ тӕрхон Мысыры ӕппӕт хуыцӕуттӕн. Ӕз — Дунедарӕг!


басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон хуыцӕуттӕ нӕ уыдысты. Адӕймаг сӕ хъӕд ӕмӕ дурӕй скодта, ӕмӕ ассириӕгты бон уымӕн баци сӕ ныппырх кӕнын.


Зӕгъут сын: «Арв ӕмӕ зӕхх цы гуымирытӕ не сфӕлдыстой, уыдон фӕдӕлдзӕх уыдзысты».


Ӕз басудздзынӕн мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ, сӕ хуыцӕутты сын паддзах райсдзӕн ӕфтиагӕн. Фыййау йӕ пӕлӕз куыд скӕны, афтӕ Мысыры зӕхх йӕ уӕлӕ ӕркӕндзӕн ӕмӕ ӕнӕхъыгдардӕй ацӕудзӕн.


Уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах ӕрлӕудзӕни дыууӕ фӕндаджы райдиан ӕмӕ дӕсны фӕрсын райдайдзӕн: хӕлттау цӕгъддзӕни йӕ фаттӕ, фӕрсдзӕни йӕ хӕдзарон хуыцаугӕндты, игӕрмӕ кӕсдзӕни.


Фӕлӕ уый загъта: «Нӕ цӕуын, фӕлтау мӕхи бӕстӕм, мӕ фыды зӕхмӕ аздӕхдзынӕн».


мысырӕгтӕ, Дунедарӕг кӕй ӕрцавта, сӕ уыцы хистӕр фыртты мӕрдтӕ куы ныгӕдтой, Дунедарӕг сын сӕ хуыцаугӕндты куы ныффалгӕрон кодта, уӕд.


Йешуа дзыллӕйӕн загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Рагзаманы уӕ фыдӕлтӕ — суанг Авраам ӕмӕ Нахоры фыд Терахы онг — цардысты доны фале ӕмӕ лӕггад кодтой ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн.


Фондз сгарӕджы Михайы хӕдзармӕ бацыдысты ӕмӕ хуыцауы кӕрдгӕныв, ефод, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ, стӕй джиппыуагъд гуымирыйы рахастой, сауджын та лӕууыди кулдуары цур, йӕ разы — ӕхсӕзсӕдӕ гӕрзифтонг хӕстоны. Сауджын сӕ бафарста: «Уый цы ми кӕнут?»


Миха сын дзуапп радта: «Сымах радавтат, ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хуыцӕутты, ракодтат мын мӕ сауджыны! Ницыуал мӕм баззад! Ноджы ма мӕ, цы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, фӕрсут?»


Уӕд Иоас, йӕ алыварс цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоныл ныхъхъӕр кодта: «Ӕмӕ Баалы сӕрыл сымах хъуамӕ хӕцат? Йӕ фарс чи хӕца, уый ацы тӕккӕ райсом амарын кӕндзынӕн! Кӕд Баал хуыцау у, уӕд йӕхӕдӕг тох кӕнӕд йемӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan