Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 31:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Мӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ мын мӕ чызджытӕн аба кӕныны фадат дӕр куынӕуал радтай. Ӕнӕрхъуыды ми бакодтай ды.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

28 Мӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ мын мӕ чызджытӕн аба кӕныны фадат дӕр куынӕуал радтай. Ӕнӕрхъуыды ми бакодтай ды.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 31:28
15 Iomraidhean Croise  

Лаваны хъустыл йӕ хойы лӕппу Йаковы кой куы ’рцыди, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс, аба йын кодта ӕмӕ йӕ сӕхимӕ бахуыдта. Йаков ын йӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта,


Ӕз Вефилы Хуыцау дӕн, уаз дуры цъуппыл оливӕйы сой ӕруадзгӕйӕ Мын сомы кӕм ракодтай, уыцы Вефилы Хуыцау. Ныр ӕвӕстиатӕй ацу ацы зӕххӕй ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕм“».


Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»


Мӕ бон у ӕмӕ уӕ бафхӕрон, фӕлӕ мын дысон уӕ фыды Хуыцау ныффӕдзӕхста, Йаковмӕ мацы сдзур, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг Йаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ, дӕ хионтӕм. Ӕз уыдзынӕн демӕ».


Райсомӕй раджы Лаван йӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ йӕ чызджытӕн фӕбатӕ кодта, раарфӕ сын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхтис.


Йаков дарддӕр араст ис йӕ фӕндагыл, ӕмӕ йыл амбӕлдысты Хуыцауы зӕдтӕ.


ӕмӕ уыйадыл Елисей фӕуагъта йӕ галтӕ, Илийайы фӕдыл азгъордта ӕмӕ йӕм бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ ма мӕ мад ӕмӕ мӕ фыдӕн хӕрзбоны охыл аба кӕнон, стӕй рацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Уый йын загъта: «Цу, фӕлӕ дӕ ма ферох уӕд, цы дын бакодтон, уый! Фӕстӕмӕ-иу мӕм раздӕх».


Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».


Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ ацу». Уый фӕраст ис, фембӕлд ыл Хуыцауы хохы рӕбын ӕмӕ йын аба кодта.


Иууылдӕр куыдтой, йе ’фцӕгыл-иу ын ныттыхстысты ӕмӕ йын батӕ кодтой.


Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.


Чындзытӕ та ногӕй нырдиаг кодтой ӕмӕ ныккуыдтой. Орпа аба кодта йе ’фсинӕн ӕмӕ аздӕхти йӕ адӕммӕ, Руф та баззади йемӕ.


Дунедарӕг уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ ног мойы хӕдзары ӕнцой куыд ссара». Ӕмӕ сын аба кодта, фӕлӕ чындзытӕ ӕрдиаг систой ӕмӕ, кӕугӕйӕ, загътой:


Самуел загъта Саулӕн: «Ӕнӕзонд ми бакодтай. Дунедарӕг дын, дӕ Хуыцау, цы бафӕдзӕхста, уый нӕ сӕххӕст кодтай. Ӕндӕра дын Дунедарӕг дӕ хӕдзарӕн раттаид Израилы сӕргъы мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕныны бар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan