Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 31:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Лаван Йаковы куы баййӕфта, уӕдмӕ уый Галаады хӕхбӕсты айтыгъта йӕ цатыр. Лаван дӕр йӕ хионтимӕ рӕсӕнуат скодта уыцы хӕхбӕсты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

25 Лаван Йаковы куы баййӕфта, уӕдмӕ уый Галаады хӕхбӕсты айтыгъта йӕ цатыр. Лаван дӕр йӕ хионтимӕ рӕсӕнуат скодта уыцы хӕхбӕсты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 31:25
5 Iomraidhean Croise  

Уырдыгӕй Аврам араст ис, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хӕхбӕстӕ уыдис, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Вефил аззади ныгуылӕнӕрдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнӕрдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном.


Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»


Лаван Йаковы бафарста: «Уый цы бакуыстай? Хинӕй мыл цӕмӕн рацыдтӕ? Мӕ чызджыты мын дӕ разӕй, хӕсты заман уацайраг чызджыты куыд фӕтӕрынц, афтӕ ратардтай!


Афтӕ Йаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта.


Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам, зӕрдӕ йын кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы зӕххыл ӕрбынат кодта ӕмӕ, ӕндӕрбӕстаг куыд вӕййы, афтӕ цатырты цардис Исаак ӕмӕ Йаковимӕ — уыдонӕн дӕр уыцы зӕххӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan