Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 31:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Лаван йӕ хӕстӕджыты йемӕ ракодта ӕмӕ фӕсте расырдта Йаковы. Авд боны фӕстӕ йӕ Галаады хӕхты баййӕфтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

23 Лаван йӕ хӕстӕджыты йемӕ ракодта ӕмӕ фӕсте расырдта Йаковы. Авд боны фӕстӕ йӕ Галаады хӕхты баййӕфтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 31:23
6 Iomraidhean Croise  

Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм.


ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».


Ӕртыккаг бон Лаванмӕ хабаргӕнӕг фӕци, Йаков алыгъди, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»


Рӕстӕг цыд, ӕмӕ Моисей ралӕг ис. Иуахӕмы бацыд йе ’фсымӕртӕм, израилӕгтӕм, ӕмӕ сын федта сӕ удхайраг куыст. Федта, мысыраг ын йе ’фсымӕртӕй иуы, дзуттаджы, фыр надӕй куыд мары, уый.


Дыккаг бон дӕр та сӕм бацыд, ӕмӕ дын мӕнӕ дыууӕ дзуттаджы хыл кӕнынц. Моисей ӕфхӕрӕджы фӕрсы: «Де ’мбалы цӕмӕн нӕмыс?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan