Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 30:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом ис, Дунедарӕг мӕнӕн дӕу тыххӕй кӕй раарфӕ кодта, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом ис, Дунедарӕг мӕнӕн дӕу тыххӕй кӕй раарфӕ кодта, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 30:27
25 Iomraidhean Croise  

Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».


ӕмӕ бахатыд: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд Дӕ курын, ӕмӕ Дӕ цагъары иувӕрсты ма ацу.


Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».


Мӕ размӕ дӕм чысыл йеддӕмӕ нӕ уыди, ныр дын зӕххыл нал цӕуынц. Дунедарӕг дын ме ’рбацыдимӕ арфӕ ракодта. Фӕлӕ мӕхи хӕдзарӕн та кӕд кусон?»


Исав загъта: «Уӕд та дӕм, цӕй, мӕ адӕмӕй иу къорд лӕджы ныууадзон». Фӕлӕ Йаков не сразы: «Цӕмӕн? Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ дӕн, ме ’лдар».


Шехем йӕхӕдӕг та чызджы фыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн загъта: «Кӕд мыл баввӕрсат, уӕд уын бафиддзынӕн, цыдӕриддӕр зӕгъат, уый. Ӕрцагурут тӕккӕ стырдӕр ирӕд ӕмӕ лӕвӕрттӕ, ӕрмӕст мӕ ӕнӕ дзуаппӕй ма арвитут».


Уый ме ’лдары синон куы у! Ме ’лдар дӕсны дӕр уымӕй фӕфӕрсы! Ӕнахъинон ми бакодтат“».


Уыдон загътой: «Ды нӕ фервӕзын кодтай! Хорздзинад нын дӕ цӕст бауарзта, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ уыдзыстӕм фараоны цагъартӕ».


Дунедарӕджы Фидыды Чырын гатаг Овед-Едомы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ йын Дунедарӕг арфӕ ракодта йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн дӕр.


Фараоны зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыди Хадад, ӕмӕ йын бинойнагӕн радта йӕ ус-ӕхсин Тахпенесы хойы.


Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)


Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.


Ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй уын мысырӕгтӕ хорз ракӕной — афтидармӕй нӕ рацӕудзыстут Мысырӕй:


Адӕмӕн ма йыл сӕ дӕсӕймаг хай куы баззайа, уӕд дӕр та ногӕй гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕни. Фӕлӕ теревинф ӕмӕ тулдз бӕласӕй, куы сӕ акалынц, уӕд бындзӕфхад куыд баззайы, афтӕ уыдонӕй дӕр баззайдзӕни уаз мыггаг».


Ӕмӕ сӕ цотӕн алы адӕмтыл айхъуысдзӕни сӕ хорзы кой, сӕ байзӕддӕгтӕ скадджын уыдзысты алы знӕмты астӕу. Чи-иу сӕ фена, уыдон ӕмбардзысты, Дунедарӕг арфӕ кӕмӕн ракодта, ахӕм адӕм кӕй сты, уый».


Ноджы ма Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕфхӕрд сӕнӕфсиры зӕнгыл дӕр рӕгъӕд цупал куы разыны, донджын цупал, уӕд ын йӕ тонӕгӕн фӕзӕгъынц: „Ма йӕ ацъӕл кӕн, уымӕн ӕмӕ уый арфӕгонд у“. Афтӕ бакӕндзынӕн Ӕз дӕр Мӕ цагъарты сӕраппонд, се ’ппӕты нӕ фесафдзынӕн.


Хуыцауы фӕрцы лӕггадгӕнджыты хистӕр Даниилмӕ хорз зӕрдӕ дардта, уарзта йӕ,


Загъта Дунедарӕгӕн: «Дӕ цагъары цӕуыл удхарӕй марыс, цы ракодта? Ӕппӕт ацы адӕмы мын ме ’ккой цӕмӕн сӕвӕрдтай?


Кӕд мын Дӕ цӕст ӕндӕр ницы уарзы, уӕд мын фӕлтау уыцы хорзӕх ракӕн, ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй мӕ хъизӕмарӕй фервӕзон».


ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.


Руф загъта: «Бӕргӕ, амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ хорзӕхӕй хайджын куы разынин, ме ’лдар! Ныфсытӕ мын бавӕрдтай, ӕмӕ дӕ ныхӕстӕй дӕ цагъары зӕрдӕ барухс, афтӕмӕй та дӕ цагъайрагыл нымад уӕвыны аккаг дӕр нӕ дӕн».


Саул арвыста Йессейӕн афтӕ зӕгъынмӕ: «Уадз ӕмӕ мын Давид лӕггад кӕна, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan