Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 30:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Загъта: «Диссаджы лӕвар мын ракодта Хуыцау. Ныр мӕ уарздзӕни мӕ мой, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Зевулон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Загъта: «Диссаджы лӕвар мын ракодта Хуыцау. Ныр мӕ уарздзӕни мӕ мой, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Зевулон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 30:20
15 Iomraidhean Croise  

Банхъӕлцау та ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Ацы хатт мӕ мой ӕрӕмуд уыдзӕни мемӕ, уымӕн ӕмӕ йын ӕртӕ фырты ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ йыл ӕвӕрд ӕрцыди ном Левий.


Фӕлӕ йын Леа афтӕ: «Мӕ мойы мын байстай, уый дын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма уыцы дыргътӕ дӕр дӕхирдыгӕй фӕкӕнинаг дӕ?» Рахел ын загъта: «Омӕ-иу ацы дыргъты ныхмӕ демӕ фӕуӕд ахсӕв».


Леа та банхъӕлцау ис ӕмӕ Йаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм фырт.


Уый фӕстӕ ма Леа ныййардта чызг ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Динӕ.


Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.


Зевулоны фырттӕ: Серед, Елон, Йахлеел. Йаковӕн уыди чызг дӕр — Динӕ. Адон сты Леайы цот, Йаковӕн Паддан-Арамы кӕй ныййардта, уыдон. Лӕппуйӕ, чызгӕй ӕдӕппӕтӕй — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз.


Зевулон! Ӕввахс ӕрцӕрдзӕни фурдмӕ, ӕмӕ йӕ бӕстӕ наулӕууӕн суыдзӕн. Йӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ.


Уымӕн ӕмӕ, Ды кӕй ӕрцавтай, уыдонӕн сӕ фӕдыл зилынц, кӕй барӕхуыстай, уыдоны хъизӕмарыл цинӕй райынц.


Фӕлӕ йын фыд йӕ чызджы раттыныл куы не сразы уа, уӕд дӕр чызджы фыдӕн бафидӕд ирӕды бӕрц.


Назаретӕй ацыд ӕмӕ ӕрцарди денджызы былгӕрон, Капернаумы сахары, Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххыл.


Рувим, Гад, Асир, Зевулон, Дан ӕмӕ Неффалимы мыггӕгтӕ та Эвалы хохыл хъуамӕ ӕрлӕууой ӕмӕ сӕ фелгъитой.


Барак Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕм Кедешы сахармӕ фӕсидти. Йӕ фӕдыл рацыди дӕс мин хӕстоны, Деворӕ дӕр уыдис йемӕ.


Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты, ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, — уӕ фӕдыл рацыдысты, Бениамины фӕдонтӕ! Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ, фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.


Саул сын бафӕдзӕхста: «Зӕгъут Давидӕн: паддзахы ирӕд нӕ хъӕуы, ӕрмӕст ын йе знӕгтӕй йӕ маст райс — амар сӕдӕ филистимаджы, сунӕт сын скӕн ӕмӕ сын сӕ лыггӕгтӕ паддзахмӕ ӕрбахӕсс». Саул йӕ зӕрдӕ дардта, ныр Давид филистимӕгты къухӕй амӕлдзӕн, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan