Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 3:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыйадыл сӕ дыууӕ дӕр ракастысты сӕ цӕстӕй, бӕгънӕг кӕй сты, уый федтой, ӕмӕ легъуи бӕласы сыфтӕй сӕхицӕн синӕмбӕрзӕнтӕ скодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Уыйадыл сӕ дыууӕ дӕр ракастысты сӕ цӕстӕй, бӕгънӕг кӕй сты, уый федтой, ӕмӕ легъуи бӕласы сыфтӕй сӕхицӕн синӕмбӕрзӕнтӕ скодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 3:7
13 Iomraidhean Croise  

Сӕ дыууӕ дӕр, нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ ус, уыдысты мадард бӕгънӕг, фӕлӕ сӕм уый худинаг нӕ касти.


Фӕлӕ Хуыцау зоны: куыддӕр уыдонӕй фӕхъӕстӕ уат, афтӕ байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ, ӕмӕ Хуыцауы ӕмсӕр суыдзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый базондзыстут».


Самаримӕ куы бацыдысты, уӕд Елисей скуывта: «О Дунедарӕг, сӕ цӕстытӕ сын байгом кӕн, уадз ӕмӕ уыной!» Дунедарӕг сын сӕ цӕстытӕ байгом кодта ӕмӕ федтой, Самарийы астӕу кӕй сты, уый.


Уӕ хуыссӕн ӕгӕр цыбыр уыдзӕн, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ адаргъ кӕнат, уӕ хъӕццул та — ӕгӕр нарӕг, цӕмӕй уӕхи ӕрбануӕрдат.


Уадз ӕмӕ дӕ буар разына, ӕмӕ дын дӕ худинаг уыной. Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн, никӕуыл бацауӕрддзынӕн».


фӕлӕ уыцы тынтӕй нӕдӕр уӕлӕдарӕс скӕнӕн ис, нӕдӕр ӕмбӕрзӕн бауафӕн. Уыдон сты фыдгӕнӕг адӕм, тыхгӕнджытӕ.


Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —


Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый йӕ цӕстытыл схӕцыд ӕмӕ дардмӕ суыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та — Лазыры.


Иннӕтӕй нӕм къаддӕр чи кӕсы, нӕ буары уыцы уӕнгтыл фылдӕр мӕт кӕнӕм.


Ӕмӕ сӕрра уыдзынӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan